Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

61 СӔРГОНД

Ӕртӕ лӕппуйы гуымирыйӕн нӕ бакуывтой

Ӕртӕ лӕппуйы гуымирыйӕн нӕ бакуывтой

Паддзах Навуходоносор йӕ фыны гуымиры куы федта, уымӕй цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд скодта тынг стыр сызгъӕрин гуымиры. Паддзах ӕй сӕвӕрдта Деиры дӕлвӕзы ӕмӕ Вавилоны кадджындӕр лӕгты уыцы гуымирыйы раз ӕрӕмбырд кодта. Се ’хсӕн уыдысты Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго дӕр. Паддзах се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Куыддӕр уадындзы уаст, стӕй хъисфӕндыры ӕмӕ лалым-уадындзы цагъд фехъусат, афтӕ хъуамӕ сызгъӕрин гуымирыйӕн бакуват! Афтӕ чи нӕ бакӕна, уый судзгӕ пецы баппардзысты». Цымӕ ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы уыцы гуымирыйӕн бакуывтой? Ӕви Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты?

Паддзахы ныхасмӕ гӕсгӕ музыкалон инструменттыл цӕгъдын куы райдыдтой, уӕд иууылдӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ гуымирыйӕн бакуывтой. Фӕлӕ Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго афтӕ нӕ бакодтой. Чидӕртӕ уый федтой ӕмӕ паддзахӕн загътой: «Уыцы ӕртӕ дзуттаджы гуымирыйӕн кувын нӕ комынц». Навуходоносор уыцы лӕппуты ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ сын загъта: «Кӕд гуымирыйӕн бакуват, уӕд хорз. Кӕд нӕ, уӕд та уӕ судзгӕ пецы баппарын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ уӕд иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн». Уыдон ын загътой: «Нӕ Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна. Ӕмӕ нӕ куы нӕ фервӕзын кӕна, уӕддӕр уыцы гуымирыйӕн нӕ бакувдзыстӕм».

Навуходоносор тынг смӕсты, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Пец куыд стӕвд кӕнынц, уымӕй йӕ авд хатты тынгдӕр стӕвд кӕнут!» Стӕй йе ’фсӕддонтӕн загъта: «Ацы ӕртӕ лӕппуйы сбӕттут ӕмӕ сӕ пецы баппарут!» Ӕфсӕддонтӕ уыцы тӕвд пецмӕ хӕстӕг куы бацыдысты, уӕд сӕ арт басыгъта, ӕмӕ дзыхъмард фесты. Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы та бастӕй пецы астӕумӕ ныххаудтой. Навуходоносор пецмӕ куы бакаст, уӕд федта, ӕртӕ нӕ, фӕлӕ дзы цыппар лӕджы кӕй рацу-бацу кӕны. Паддзах фӕтарст ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бафарста: «Артмӕ ӕртӕ лӕджы нӕ баппӕрстам? Ӕз дзы цыппар лӕджы куы уынын! Ӕмӕ цыппӕрӕм у зӕды хуызӕн!»

Навуходоносор пецмӕ хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ сӕм бахъӕр кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, рахизут ӕмӕ ардӕм рацӕут!» Адӕм Седрахы, Мисахы ӕмӕ Авденагойы пецӕй рацӕйцӕугӕ куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд, уымӕн ӕмӕ сын ӕппындӕр ницы уыди. Нӕдӕр сӕ буар басыгъд, нӕдӕр сӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ нӕдӕр сӕ уӕлӕдарӕс, стӕй сӕ арты тӕф дӕр нӕ калд.

Навуходоносор загъта: «Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы Хуыцауӕй тыхджындӕр Хуыцау нӕй. Уый йӕ зӕды рарвыста ӕмӕ сӕ фервӕзын кодта. Ӕндӕр ахӕм Хуыцау нӕй».

Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр уыцы ӕртӕ дзуттаг лӕппуйау Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр?

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн» (Матфейы 4:10)