Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

62 СӔРГОНД

Стыр бӕласы хуызӕн паддзахад

Стыр бӕласы хуызӕн паддзахад

Иу ӕхсӕв Навуходоносор федта тынг ӕвзӕр фын. Ӕмӕ уӕд Вавилоны зондджын лӕгтӕм фӕдзырдта, цӕмӕй йын бамбарын кодтаиккой, уыцы фын цы нысан кӕны, уый. Фӕлӕ сӕ иуӕн дӕр уый йӕ бон нӕ баци. Ӕппынфӕстаг паддзах фӕдзырдта Данелмӕ.

Навуходоносор Данелӕн загъта: «Мӕ фыны федтон бӕлас. Афтӕ сырӕзт, ӕмӕ йӕ цъупп арвы онг схӕццӕ. Зӕххыл ӕй алы ранӕй дӕр уыд фенӕн. Уыди йыл рӕсугъд сыфтӕр ӕмӕ бирӕ дыргътӕ. Сырдтӕ-иу йӕ аууоны улӕфыдысты, цъиутӕ та йӕ къалиутыл ахстӕттӕ скодтой. Стӕй уӕларвӕй зӕд ӕрцыд ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: „Бӕлас акалут ӕмӕ йын йӕ къалиутӕ ныццӕгъдут. Фӕлӕ йын йӕ бындзӕфхад зӕххы ныууадзут ӕмӕ йыл уым бакӕнут ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕрхуыйӕ конд рӕттӕ, цӕмӕй мауал рӕза. Адӕймаджы зӕрдӕйы бӕсты йын уыдзӕн хъӕддаг сырды зӕрдӕ, ӕмӕ йыл авд рӕстӕджы рацӕудзӕн. Уӕд адӕм иууылдӕр базондзысты, Хуыцау кӕй у ӕппӕт адӕмы Хицау ӕмӕ паддзахад кӕй ратты, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн“».

Йегъовӕ Данелӕн раргом кодта, паддзахы фын цы нысан кӕны, уый. Данел фын куы бамбӕрста, уӕд фӕтарст. Уый паддзахӕн загъта: «О паддзах, бӕргӕ, ацы фын де знӕгты тыххӕй куы уаид, фӕлӕ дӕу тыххӕй у. Кӕй акъуырдтой, уыцы стыр бӕлас ды дӕ. Дӕ паддзахад дын байсдзысты, ӕмӕ быдыры хъӕддаг сырдау хӕрдзынӕ кӕрдӕг. Фӕлӕ зӕд афтӕ кӕй загъта, йӕ бындзӕфхад ын ӕд уидӕгтӕ ныууадзут, зӕгъгӕ, уымӕ гӕсгӕ цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ ногӕй суыдзынӕ паддзах».

Иу афӕдз куы рацыд, уӕд иухатт Навуходоносор йӕ хӕдзары сӕр рацу-бацу кодта ӕмӕ дзырдта: «Цӕй диссаджы горӕт сарӕзтон! Мӕ кад дӕрдтыл айхъуыст!» Уыцы ныхӕстӕ куыддӕр загъта, афтӕ йӕм арвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Навуходоносор! Ныр дӕ паддзахад дӕ къухӕй ист ӕрцыд».

Раст уыцы рӕстӕг Навуходоносорӕн йӕ сӕры зонд фӕцыд, ӕмӕ йӕхи хъӕддаг сырды хуызӕн дарын райдыдта. Йӕ хӕдзарӕй йӕ фӕсырдтой, ӕмӕ быдыры хъӕддаг сырдты ’хсӕн цард. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы бумбулитау ӕрдаргъ сты, йӕ ныхтӕ та маргъы ныхты йас систы.

Авд азы фӕстӕ Навуходоносорӕн йӕ зонд йӕхимӕ ӕрцыд, ӕмӕ та йӕ Йегъовӕ ногӕй Вавилоны паддзахӕй сӕвӕрдта. Ӕмӕ уӕд Навуходоносор загъта: «Кад Йегъовӕйӕн, уӕлӕрвты Паддзах чи у, уымӕн. Ныр ӕй зонын, Йегъовӕ кӕй у ӕппӕт адӕмты Хицау. Уый сӕрбӕрзонд адӕймӕгты ӕрныллӕг кӕны ӕмӕ паддзахад, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты».

«Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт, ӕмӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрхауы» (Ӕмбисӕндтӕ 16:18)