Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

63 СӔРГОНД

Къулыл диссаджы хуызы фӕзынд фыстытӕ

Къулыл диссаджы хуызы фӕзынд фыстытӕ

Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Вавилоны паддзах сси Валтасар. Иу изӕр йӕ галуанмӕ фӕхуыдта Вавилоны ӕппӕты кадджындӕр лӕгты, иу мин адӕймаджы, ӕмӕ сын стыр куывд скодта. Валтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕрбахӕссын кодта, кӕддӕр Навуходоносор Йегъовӕйы кувӕндонӕй цы сызгъӕрин нуазӕн къустӕ рахаста, уыдон. Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ уазджытӕ дӕр уыцы къустӕй нызтой ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕн куывтой. Ӕвиппайды кӕцӕйдӕр фӕзынд адӕймаджы къух ӕмӕ къулыл цыдӕр ӕнахуыр ныхӕстӕ фыссын райдыдта.

Валтасар тынг фӕтарст ӕмӕ уайтагъд йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Ацы ныхӕстӕ мын чи бамбарын кӕна, уыцы адӕймаджы ӕз Вавилоны сӕвӕрдзынӕн ӕртыккаг хицауӕй». Кӕлӕнгӕнджытӕ архайдтой уыцы фыстытӕ бамбарын кӕныныл, фӕлӕ уый сӕ иуӕн дӕр йӕ бон нӕ баци. Уӕд паддзахы ус ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Дӕ паддзахады ис иу лӕг, Данел. Уый-иу Навуходоносорӕн йӕ фынтӕ райхӕлдта. Ӕмӕ йӕ бон у бамбарын кӕнын, ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый дӕр».

Данел паддзахмӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йын уый загъта: «Ацы фыстытӕ куы бакӕсай ӕмӕ мын сӕ куы бамбарын кӕнай, уӕд дын сызгъӕрин рӕхыс ратдзынӕн ӕмӕ дӕ Вавилоны ӕртыккаг хицауӕй сӕвӕрдзынӕн». Данел ын загъта: «Мӕн дӕ лӕвӕрттӕ нӕ хъӕуынц. Фӕлӕ дын уӕддӕр зӕгъдзынӕн, ацы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый. Дӕ фыд Навуходоносор уыд сӕрбӕрзонд адӕймаг, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ ӕрныллӕг кодта. Дӕ фыдыл цытӕ ӕрцыд, уый зоныс, фӕлӕ уӕддӕр, Йегъовӕйы кувӕндонӕй цы нуазӕн къустӕ рахастой, уыдонӕй сӕн нуазыс ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕгад кӕныс. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау ныффыста ацы ныхӕстӕ: „Мене, мене, текел, парсин“. Ацы ныхӕстӕ уый нысан кӕнынц, ӕмӕ мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон бацахсдзысты, ӕмӕ ды паддзах нал уыдзынӕ».

Вавилон искуы исчи бацахсдзӕн, уый никӕй бауырныдтаид. Йӕ къултӕ уыдысты тынг фидар, йӕ алыварс та цыди цӕугӕдон. Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв горӕтмӕ мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ бабырстой. Персы паддзах Кир цӕугӕдон ӕндӕрырдӕм аздӕхта, цӕмӕй йе ’фсӕддонтӕ ӕнцонтӕй цӕугӕдоны сӕрты ахызтаиккой ӕмӕ горӕтмӕ кулдуарыл бацыдаиккой. Ӕмӕ фаллаг фарсмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд горӕты кулдуар гомӕй баййӕфтой! Ӕфсӕддонтӕ горӕтмӕ бабырстой, бацахстой йӕ ӕмӕ паддзахы амардтой. Уый фӕстӕ Кир сси Вавилоны хицау.

Афӕдз дӕр нӕма рацыд, афтӕ Кир фехъусын кодта: «Йегъовӕ мын загъта, цӕмӕй йын Иерусалимы йӕ кувӕндон ногӕй саразын кӕнон. Йӕ адӕмӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон у уырдӕм ацӕуын». Вавилойнӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй ӕвдай азы фӕстӕ дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты, Йегъовӕ сын зӕрдӕ куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ. Кӕддӕр Навуходоносор кувӕндонӕй кӕй рахаста, уыцы сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист нуазӕн къустӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ Кир фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ арвыста. Уыныс, Йегъовӕ Кирӕй куыд спайда кодта, цӕмӕй йӕ адӕмӕн баххуыс кодтаид?

«Йе сӕфт ӕрцыд! Йе сӕфт ӕрцыд Стыр Вавилонӕн ӕмӕ сси хӕйрӕджыты цӕрӕнбынат» (Раргомад 18:2)