Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

69 СӔРГОНД

Гавриил фӕзынд Марийӕмӕ

Гавриил фӕзынд Марийӕмӕ

Елизаветӕйӕн уыди иу хӕстӕг, ӕрыгон чызг Марийӕ. Марийӕ цард Галилейӕйы, горӕт Назареты. Тагъд ӕй хъуамӕ ракуырдтаид, хъӕддӕсныйы куыст чи кодта, иу ахӕм лӕг, Иосиф. Елизаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй сывӕрджын куы уыди, уӕд зӕд Гавриил Марийӕмӕ фӕзынди ӕмӕ йын загъта: «Марийӕ, Йегъовӕ дӕ йе стыр хорзӕхӕй схайджын кодта». Фӕлӕ Марийӕ нӕ бамбӕрста, Гавриилы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд, уый. Гавриил ын загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Йесо. Уый суыдзӕн Паддзах, ӕмӕ йӕ Паддзахад уыдзӕн ӕнустӕм».

Марийӕ загъта: «Лӕг мын куы нӕма ис, уӕд мын сывӕллон куыд хъуамӕ райгуыра?» Гавриил ын загъта: «Йегъовӕйӕн йӕ бон цы нӕу, ахӕмӕй ницы ис. Сыгъдӕг тых дыл ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу. Дӕ хӕстӕг Елизаветӕ дӕр басывӕрджын, кӕд ӕрыгон нал у, уӕддӕр». Уӕд Марийӕ загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар, ӕмӕ куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд».

Марийӕ йӕхи арӕвдз кодта ӕмӕ, Елизаветӕ кӕм цард, уыцы горӕтмӕ араст. Уырдӕм куы ӕрхӕццӕ ӕмӕ Елизаветӕйӕн салам куы радта, уӕд Елизаветӕйы гуыбыны сывӕллон стӕлфыд. Елизаветӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ загъта: «Марийӕ, Йегъовӕ дын раарфӕ кодта. Мессийӕйы мад мӕ хӕдзармӕ кӕй ӕрбацыд, уый мӕнӕн стыр кад у». Марийӕ загъта: «Ӕз ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕнын Йегъовӕйы». Марийӕ Захари ӕмӕ Елизаветӕйы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ Назаретмӕ аздӕхт.

Марийӕ сывӕрджын кӕй у, уый Иосиф куы базыдта, уӕд ӕй Марийӕйы курын нал фӕндыд, уымӕн ӕмӕ афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ сывӕллон ӕндӕр нӕлгоймагӕй у. Фӕлӕ йӕм фыны зӕд фӕзынди ӕмӕ йын загъта: «Марийӕйы ракур, ма тӕрс. Уый ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта». Уӕд ӕй Иосиф ракуырдта ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрбакодта.

«Йегъовӕйы цыдӕриддӕр фӕндыд, уый сарӕзта уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл» (Псалом 135:6)