Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

70 СӔРГОНД

Зӕдтӕ фехъусын кодтой Йесойы райгуырды тыххӕй

Зӕдтӕ фехъусын кодтой Йесойы райгуырды тыххӕй

Ромы паддзахады паддзах Августӕй рацыд бардзырд, цӕмӕй дзуттӕгтӕ сӕ райгуырӕн горӕттӕм ацыдаиккой ӕмӕ дзы сӕхи ныффыстаиккой. Гъемӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ ацыдысты Вифлееммӕ, Иосифы бинонтӕ цы горӕтӕй уыдысты, уырдӕм. Марийӕйӕн сывӕллон куы хъуамӕ райгуырдаид, уымӕ бирӕ нал хъуыд.

Вифлееммӕ куы ныххӕццӕ сты, уӕд уым ӕрлӕууыдысты иу скъӕты, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр бынат никуы ссардтой. Ӕмӕ Йесо уым райгуырд. Марийӕ йӕ лӕппуйы фӕлмӕн хӕцъилты батыхта ӕмӕ йӕ арӕхстгай ӕрӕвӕрдта кӕвдӕсы, ома фосӕн хӕринаг кӕм сӕвӕрынц, уым.

Уыцы ӕхсӕв Вифлееммӕ хӕстӕг фыййӕуттӕ сӕ дзугтӕ быдыры хъахъхъӕдтой. Ӕвиппайды сӕ разы зӕд февзӕрд, ӕмӕ Йегъовӕйы кадӕй сӕ алыварс бӕстӕ ныррухс. Фыййӕуттӕ тынг фӕтарстысты, фӕлӕ сын зӕд загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз уын цины хабар ӕрбахастон. Абон Вифлеемы райгуырд Мессийӕ». Раст уыцы рӕстӕг уӕларвыл фӕзынди бирӕ зӕдтӕ ӕмӕ загътой: «Кад уӕлӕрвты Хуыцауӕн! Зӕххыл та уӕд фарн». Стӕй зӕдтӕ фӕцыдӕр сты. Фыййӕуттӕ та куыд бакодтой?

Уыдон кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Рӕвдздӕр цомут Вифлееммӕ!» Гъемӕ уырдӕм атагъд кодтой, ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕйы сӕ ноггуырд сывӕллонимӕ скъӕты ӕрбаййӕфтой.

Зӕд фыййӕуттӕн цы загъта, уый чи фехъуыста, уыдон иууылдӕр тынг дис кодтой. Марийӕ зӕды ныхӕстыл арф ныхъхъуыдытӕ кодта ӕмӕ сӕ никуы ферох кодта. Фыййӕуттӕ фӕстӕмӕ сӕ дзугтӕм аздӕхтысты. Уыдон Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыдысты, цы федтой ӕмӕ цы фехъуыстой, уыдӕтты тыххӕй.

«Ӕз Хуыцауӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ ныр ам дӕн. Ӕз мӕхи фӕндӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ мӕ Уый рарвыста» (Иоанны 8:42)