Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

75 СӔРГОНД

Хӕйрӕг Йесойы ӕртӕ хатты бафӕлвӕрдта

Хӕйрӕг Йесойы ӕртӕ хатты бафӕлвӕрдта

Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕй сыгъдӕг тых акодта ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Уым Йесо 40 боны дӕргъы ницы хордта, ӕмӕ тынг сӕххормаг. Уӕд ӕм Хӕйрӕг ӕрбацыд, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид, ӕмӕ йын загъта: «Кӕд ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд ацы дуртӕн зӕгъ, цӕмӕй дзултӕ фестой». Фӕлӕ йын Йесо Фыстадӕй дзуапп радта: «Фыст у, зӕгъгӕ, адӕймаг ӕрмӕст хӕринаджы фӕрцы нӕ цӕры, фӕлӕ, Йегъовӕйы алы ныхасмӕ кӕй хъусы, уый фӕрцы дӕр».

Стӕй та йын Хӕйрӕг загъта: «Кӕд ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд кувӕндоны ӕппӕты бӕрзонддӕр ранӕй дӕхи аппар, уымӕн ӕмӕ фыст у, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ зӕдты рарвитдзӕн, цӕмӕй дӕ ӕрцахсой ӕмӕ ма ахауай». Фӕлӕ та йын Йесо Фыстадӕй дзуапп радта: «Фыст у, зӕгъгӕ, ма фӕлвар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы».

Уый фӕстӕ Хӕйрӕг Йесойӕн равдыста дунейы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад ӕмӕ йын загъта: «Иу хатт дӕр мын куы бакувай, уӕд дын ӕз ацы паддзахӕдтӕ иууылдӕр ратдзынӕн». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув».

Стӕй Хӕйрӕг Йесойы ныууагъта, ӕмӕ йӕм уӕд зӕдтӕ фӕзындысты ӕмӕ йын хӕринаг радтой. Уый фӕстӕ Йесо райдыдта хъусын кӕнын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау зӕхмӕ уый тыххӕй рарвыста. Йесо адӕмӕн цы амыдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, ӕмӕ, кӕдӕмфӕнды ма цыдаид, уӕддӕр-иу йӕ фӕдыл цыдысты.

«[Хӕйрӕг] мӕнг куы фӕдзуры, уӕд фӕдзуры, цы у, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44)