Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

78 СӔРГОНД

Йесо хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Йесо хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Йесо донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр хъусын кӕнын райдыдта: «Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг». Галилейӕйыл ӕмӕ Иудейӕйыл куы зылди, уӕд-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр йемӕ уыдысты. Кӕм схъомыл, уыцы горӕтмӕ, Назаретмӕ, куы ’рцыд, уӕд ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд, Исайы тыхтон байгом кодта ӕмӕ хъӕрӕй кӕсын райдыдта: «Йегъовӕ мӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кодта, цӕмӕй мӕ бон уа хорз хабар хъусын кӕнын». Уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Кӕд адӕмы уый фӕндыд, цӕмӕй Йесо диссӕгтӕ арӕзтаид, уӕддӕр ӕй Хуыцау сыгъдӕг тыхӕй сӕйраджыдӕр уый тыххӕй схайджын кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид. Стӕй Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн загъта: «Абон ацы пехуымпар-ныхас сӕххӕст».

Уый фӕстӕ Йесо ацыд Галилейӕйы денджызмӕ ӕмӕ уым фембӕлд цыппар кӕсагахсӕгыл – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанныл. Фӕстӕдӕр уыдон систы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Йесо сын загъта: «Цомут мемӕ ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ». Ӕмӕ уыдон дӕр уайтагъд сӕ кӕсагахсыны куыст ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. Уыдон ӕнӕхъӕн Галилейӕйыл ӕрзылдысты ӕмӕ Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтой. Хъусын кодтой ӕмбырдгӕнӕнты, базарты ӕмӕ уынгты. Кӕдӕмфӕнды ма ацыдаиккой, уӕддӕр-иу сӕ фӕстӕ алы хатт дӕр цыди тынг бирӕ адӕм. Йесойӕн йӕ кой айхъуыст алы рӕтты, суанг Сирийы дӕр.

Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иуӕй-иутӕн ахӕм тых радта, цӕмӕй сӕ бон уыдаид адӕмы дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ хӕйрӕджыты сурын. Иннӕтӕ та-иу йемӕ цыдысты, иу горӕтӕй-иу иннӕ горӕтмӕ хъусын кӕнынмӕ куы цыди, уӕд. Марийӕ Магдалинӕ, Иоаннӕ, Сусаннӕ ӕмӕ иннӕ иузӕрдион сылгоймӕгтӕ та Йесойӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн ӕххуыс кодтой.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы бацӕттӕ кодта, уӕд сӕ хъусын кӕнынмӕ арвыста. Уыдон Галилейӕйыл зылдысты, ӕмӕ бирӕтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ систы ӕмӕ донаргъуыд райстой. Йесойы фӕдыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо абарста, кӕрдынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм хуымтимӕ. Йесо загъта: «Кувут Йегъовӕмӕ, цӕмӕй хуыммӕ ноджы фылдӕр кусджытӕ рарвита». Фӕстӕдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста 70 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста, цӕмӕй ӕнӕхъӕн Иудейӕйы хъусын кодтаиккой. Уыдон алкӕмӕн дӕр дзырдтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн цингӕнгӕйӕ радзырдтой, цытӕ сыл ӕрцыд, уый. Кӕд Хӕйрӕг сӕ ныхмӕ архайдта, уӕддӕр йӕ бон ницы уыд саразын, цӕмӕй сӕ баурӕдтаид.

Цалынмӕ Йесо уӕлӕрвтӕм нӕ аздӕхт, уӕдмӕ алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ ацыды фӕстӕ дӕр сӕ бон уыдаид хъусын кӕнын. Уый сын загъта: «Хорз хабар хъусын кӕнут ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Адӕмӕн амонут, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттут».

«Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лукайы 4:43)