Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

81 СӔРГОНД

Йесо адӕмы хохыл ахуыр кодта

Йесо адӕмы хохыл ахуыр кодта

Йесо йӕхицӕн 12 апостолы куы равзӕрста, уӕд хохӕй ӕрхызти ӕмӕ федта, дуне адӕм ӕм кӕй ӕрбацыд. Уыцы адӕм уыдысты Галилейӕйӕ, Иудейӕйӕ, Тирӕй, Сидонӕй, Сирийӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй. Уыдон семӕ ӕрбакодтой бирӕ рынчынты ӕмӕ, сӕ мидӕг хӕйрӕджытӕ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймӕгты, ӕмӕ сӕ Йесо се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта. Бамбарын сын кодта, адӕймаджы цы хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы ӕмбал суа. Адӕймаг хъуамӕ ӕмбара, ӕнӕ Йегъовӕйы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый ӕмӕ йӕ хъуамӕ уарза. Фӕлӕ иннӕты чи нӕ уарзы, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы уарзы. Адӕймаг хъуамӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уа алкӕмӕ дӕр, суанг йе знӕгтӕм дӕр.

Йесо загъта: «Ӕрмӕст уе ’мбӕлтты ма уарзут, фӕлӕ уе знӕгты дӕр. Иннӕтӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Кӕд искӕй фӕхъыг кодтат, уӕд ӕм уайтагъд ацӕут ӕмӕ дзы хатыр ракурут. Куыд уӕ фӕнды, цӕмӕй уын иннӕтӕ уой, афтӕ сын ут сымах дӕр».

Йесо ма адӕмӕн бамбарын кодта, ӕхца ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый дӕр. Уый загъта: «Бирӕ ӕхца ӕмбырд кӕныныл ма архайут, фӕлӕ архайут, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ суат. Уымӕн ӕмӕ давджытӕн сӕ бон у уе ’хца адавын, фӕлӕ уын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый уын ничи адавдзӕн. Цы бахӕрат, цы бануазат ӕмӕ уӕ уӕлӕ цы скӕнат, ууыл мауал мӕт кӕнут. Бакӕсут-ма цъиутӕм. Йегъовӕ сӕ ӕнӕ хӕринагӕй никуы ныууадзы. Уыдӕттыл ӕгӕр куы мӕт кӕнат, уӕд дӕр афтӕмӕй уӕ царды бонтыл иу бон дӕр нӕ бафтаудзыстут. Рох уӕ ма уӕд: Йегъовӕ зоны, цы уӕ хъӕуы, уый».

Уыцы адӕм уый размӕ никуы фехъуыстой, ӕмӕ исчи Йесойы хуызӕн дзырдтаид. Сӕ дины разамонджытӕ сын, ома фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ, ахӕм цыдӕртӕ никуы амыдтой. Йесо ахӕм хорз ахуыргӕнӕг цӕмӕн уыди? Уымӕн ӕмӕ алцыдӕр дзырдта Йегъовӕйы зондӕй.

«Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут» (Матфейы 11:29)