Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

82 СӔРГОНД

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый

Фарисейтӕ цыфӕнды ма арӕзтаиккой, алцыдӕр арӕзтой адӕмы цӕстмӕ. Ӕмӕ кӕд хорзӕй исты арӕзтой, уӕддӕр уый тыххӕй, цӕмӕй-иу адӕмы дисы бафтыдтаиккой. Барӕй-иу куывтой, бирӕ адӕм кӕм уыд, ахӕм рӕтты. Бирӕ ныхӕстӕ кӕм уыд, ахӕм куывдтытӕ-иу сахуыр кодтой ӕмӕ-иу сӕ ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ уынгты тигътыл ногӕй ӕмӕ ногӕй дзырдтой, цӕмӕй-иу сӕ иннӕтӕ дӕр фехъуыстаиккой. Уымӕ гӕсгӕ адӕм тынг бадис кодтой, Йесо сын афтӕ куы загъта: «Фарисейты хуызӕн ма кувут. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, бирӕ кӕй фӕкувынц, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Йегъовӕмӕ-иу уый тыххӕй ма кувут, цӕмӕй уӕ иннӕтӕ феной, стӕй-иу ӕдзух уыцы иу ныхӕстӕ ма кӕнут. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй-иу ын радзурат, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый».

Йесо дарддӕр загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: “Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр”». Йесо ма адӕмӕн загъта, цӕмӕй кувой хӕринаджы тыххӕй, сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй.

Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Ӕппынӕдзух кувут. Уӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ йӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕна. Алы ныййарӕджы дӕр фӕнды йӕ сывӕллонӕн хорздзинад ракӕнын. Дӕ фырт дӕ дзул куы ракура, уӕд ын дур ратдзынӕ? Кӕнӕ дӕ кӕсаг куы ракура, уӕд ын калм ратдзынӕ?»

Йесо йӕ ныхӕстӕ афтӕ бамбарын кодта: «Кӕд сымах фӕнды уӕ сывӕллӕттӕн хорздзинад аразын, уӕд уӕ Фыд Йегъовӕ та сымахӕн йӕ сыгъдӕг тых куыннӕ ратдзӕн. Уӕдӕ дзы сыгъдӕг тых курут». Ды дӕр афтӕ фӕкӕныс? Цӕй тыххӕй фӕкувыс?

«Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты» (Матфейы 7:7)