Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

84 СӔРГОНД

Йесо доныл цыди

Йесо доныл цыди

Йесойӕн йӕ бон ӕрмӕст рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ мӕрдты ӕгас кӕнын нӕ уыд, фӕлӕ ма йӕ бон уыд, зӕгъӕм, тыхдымгӕ ӕрсабыр кӕнын ӕмӕ къӕвда бауромын дӕр. Иухатт Йесо хохыл уыд ӕмӕ Хуыцаумӕ куывта. Стӕй Галилейӕйы денджызмӕ акаст ӕмӕ федта, тыхдымгӕ кӕй сыстад. Уыцы рӕстӕг йӕ апостолтӕ уыдысты денджызы ӕмӕ сӕ тых сӕ бонӕй архайдтой, цӕмӕй бӕлӕгъ ма фӕдӕлдон уыдаид. Уӕд Йесо хохӕй ӕрхызт ӕмӕ доныл бӕлӕгъырдӕм ацыд. Апостолтӕ доныл кӕйдӕр ӕрбацӕйцӕугӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Уый ӕз дӕн. Ма тӕрсут».

Петр ын загъта: «Хицау, кӕд уый ӕцӕгдӕр ды дӕ, уыд мын зӕгъ, цӕмӕй дӕм доныл бацӕуон». Йесо йын загъта: «Рацу». Ӕмӕ уыцы тыхдымгӕйы Петр бӕлӕгъӕй рахызт ӕмӕ Йесомӕ доныл ацыд. Фӕлӕ йӕм куы бахӕстӕг, уӕд тыхдымгӕмӕ ӕмӕ стыр уылӕнтӕм акаст, ӕмӕ тынг фӕтарст. Петр ныгъуылын райдыдта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!» Йесо йын йӕ къух рацахста ӕмӕ йын загъта: «Цӕмӕн фӕтарстӕ? Кӕм ис дӕ уырнындзинад?»

Йесо ӕмӕ Петр бӕлӕгъмӕ куыддӕр схызтысты, афтӕ тыхдымгӕ банцад. Ахъуыды-ма кӕн, апостолтӕ уыдӕттӕ фенгӕйӕ куыд дис кодтаиккой! Уыдон загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ!»

Йесо ӕрмӕст уӕд не ’рсабыр кодта тыхдымгӕ. Иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъыл денджызы иннӕ фарсмӕ цыди, ӕмӕ иуафон бӕлӕгъы фӕстӕрдыгӕй ӕрхуыссыд ӕмӕ бафынӕй. Уӕдмӕ денджызы тыхдымгӕ сыстад. Уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл цавтой, ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта. Апостолтӕ Йесомӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм! Фервӕзын нӕ кӕн!» Йесо райхъал ӕмӕ денджызӕн загъта: «Ныссабыр у!» Ӕмӕ ӕвиппайды дымгӕ банцад ӕмӕ денджыз ӕрсабыр. Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Суанг дымгӕ ӕмӕ денджыз дӕр йӕ коммӕ кӕсынц». Апостолтӕ иу хъуыддаг бамбӕрстой: Йесойыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндой, уӕд сӕ ӕппындӕр ницӕмӕй хъӕудзӕн тӕрсын.

«Ныр кӕм уаин, Йегъовӕйы хорздзинад удӕгӕсты зӕххыл кӕй фендзынӕн, уый мӕ куы нӕ уырныдтаид, уӕд?» (Псалом 27:13)