Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

89 СӔРГОНД

Петр Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

Петр Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

Йесо йӕ апостолтимӕ, Куадзӕн кӕм сбӕрӕг кодтой, уыцы хӕдзары куы уыд, уӕд сын загъта: «Ахсӕв мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут». Петр та йын загъта: «Се ’ппӕт дӕр дӕ куы ныууадзой, уӕддӕр дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн!» Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ахсӕв, уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ».

Ӕфсӕддонтӕ Йесойы Кайафӕйы хӕдзармӕ куы акодтой, уӕд апостолтӕн сӕ фылдӕр алыгъдысты. Фӕлӕ дзы дыууӕйӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй мачи базыдтаид, уый тыххӕй адӕмы ’хсӕнты цыдысты. Сӕ иу уыд Петр. Уый Кайафӕйы хӕдзары кӕртмӕ бацыд ӕмӕ арты раз слӕууыд. Иу лӕггадгӕнӕг чызг ын арты рухсмӕ йӕ цӕсгом федта ӕмӕ загъта: «Ӕз дӕ базыдтон! Ды дӕр Йесоимӕ уыдтӕ!»

Петр загъта: «Нӕ, нӕ уыдтӕн! Цӕй кой кӕныс, уый не ’мбарын!» Ӕмӕ кулдуары ’рдӕм куы ацыд, уӕд ӕй уым та ӕндӕр лӕггадгӕнӕг чызг федта ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ацы лӕг дӕр Йесоимӕ уыди». Петр загъта: «Ӕз Йесойы зонгӕ дӕр нӕ кӕнын!» Уый фӕстӕ ма йын иу чидӕр загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ! Дӕ ныхасӕй бӕрӕг у, ды дӕр Йесойау галилейаг кӕй дӕ». Фӕлӕ Петр сомытӕ кӕнын райдыдта: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын!»

Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг уасӕг ныууасыд. Уӕд Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст, ӕмӕ йын Петр йӕ ныхӕстӕ ӕрхъуыды кодта. Уӕд ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта.

Уыцы рӕстӕг Сӕйраг тӕрхондон Кайафӕйы хӕдзары ӕрӕмбырд, цӕмӕй Йесойӕн стӕрхон кодтаиккой. Уыдон ӕй сфӕнд кодтой амарын, ӕмӕ ӕфсон агуырдтой, цӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой. Фӕлӕ ницы ӕфсон ссардтой. Ӕмӕ уӕд Кайафӕ Йесойы комкоммӕ бафарста: «Уӕдӕ Хуыцауы Фырт дӕ?» Йесо загъта, о, зӕгъгӕ. Уӕд Кайафӕ загъта: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы?» Тӕрхондоны чи уыд, уыдон загътой: «Ацы адӕймаг хъуамӕ амӕла». Уый фӕстӕ йӕ чидӕртӕ райдыдтой цӕвын ӕмӕ йыл тутӕ кӕнын, иннӕтӕ та йын йӕ цӕсгом бамбӕрзтой ӕмӕ йӕ дзӕхстытӕ кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд-ма нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?»

Куы сбон, уӕд Йесойы Сӕйраг тӕрхондоны агъуыстмӕ бакодтой ӕмӕ та йӕ ногӕй бафарстой: «Уӕдӕ Хуыцауы Фырт дӕ?» Йесо сын загъта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут». Уӕд ӕй фӕаххосджын кодтой, Хуыцауы фауы, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ромаг хицау Понтий Пилатмӕ акодтой. Цымӕ дарддӕр цы ’рцыд? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

«Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг... ӕмӕ уӕ алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлидздзӕн, ӕмӕ мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ Фыд мемӕ ис» (Иоанны 16:32)