Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

91 СӔРГОНД

Йесо райгас

Йесо райгас

Йесо куы амард, уӕд иу хъӕздыг лӕг, Иосиф, Пилатмӕ бацыди ӕмӕ дзы бар ракуырдта, цӕмӕй Йесойы хъӕдӕй ӕристаид. Иосиф ӕй ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг хъуымацы хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытимӕ батыхта. Стӕй йӕ ног зӕппадзы бавӕрдта ӕмӕ йын йӕ бахизӕныл стыр дур бафӕлдӕхта. Сауджынты хистӕртӕ Пилатӕн загътой: «Тӕрсӕм, мыййаг, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ мард куы адавой ӕмӕ стӕй афтӕ куы дзурой, мӕрдтӕй райгас, зӕгъгӕ». Ӕмӕ сын уӕд Пилат загъта: «Зӕппадзыл мыхуыр сӕвӕрут ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнут».

Ӕртӕ боны фӕстӕ райсомӕй раджы сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ зӕппадзмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ кӕсынц, ӕмӕ бахизӕны дур иуварс фӕлдӕхтӕй лӕууы. Уым мидӕгӕй федтой зӕды, ӕмӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Йесо райгас. Ацӕут ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕгъут, Галилейӕйы йӕ кӕй фендзысты».

Цалынмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ уым уыдысты, уӕдмӕ Марийӕ Магдалинӕ та Петрмӕ ӕмӕ Иоанмӕ атагъд кодта. Куы сыл фембӕлд, уӕд сын загъта: «Чидӕр Йесойы мард ахаста!» Уӕд Петр ӕмӕ Иоанн зӕппадзмӕ азгъордтой. Фӕлӕ зӕппадз афтидӕй куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты.

Марийӕ фӕстӕмӕ зӕппадзмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд дзы мидӕгӕй дыууӕ зӕды федта ӕмӕ сын загъта: «Мӕ Хицауы мын кӕдӕм ахастой, уымӕн ницы зонын». Уый фӕстӕ Марийӕ иу лӕджы ауыдта ӕмӕ фенхъӕлдта, дыргъдонгӕс кӕй у, ӕмӕ йын загъта: «Хорз лӕг, зӕгъ мын ӕй, кӕдӕм ӕй ахастай». Уыцы лӕг ӕм йӕ номӕй сдзырдта: «Марийӕ!» Уӕд Марийӕ бамбӕрста, уый Йесо кӕй у, ӕмӕ йӕм сдзырдта: «Ахуыргӕнӕг!» Марийӕ йын ныхъхъӕбыс кодта, ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ацу ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ, кӕй мӕ федтай». Марийӕ уайтагъд ахуыргӕнинӕгтӕм азгъордта ӕмӕ сын радзырдта, Йесойы кӕй федта.

Уыцы бон фӕстӕдӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕ Иерусалимӕй Еммаусмӕ фӕцӕйцыдысты. Фӕндагыл сӕм иу лӕг ӕрбаиу ӕмӕ сӕ бафарста, цӕуыл ныхас кӕнут, зӕгъгӕ. Уыдон ын загътой: «Ам цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй нӕ фехъуыстай? Ӕртӕ боны размӕ сауджынты хистӕртӕ Йесойы амарын кодтой. Ныр та сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ дзурынц, удӕгас, дам, у!» Уыцы лӕг сӕ бафарста: «Пехуымпарты ныхӕстыл не ’ууӕндут, ӕви? Уыдон дзырдтой, Чырысти кӕй амӕлдзӕн ӕмӕ стӕй кӕй райгас уыдзӕн». Ӕмӕ сын дарддӕр Фыстадӕй уыцы хабӕрттӕ ӕмбарын кодта. Еммаусмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ын ахуыргӕнинӕгтӕ загътой, цӕмӕй уым семӕ ӕрлӕууыдаид. Изӕры фынгыл куы бадтысты, уӕд уыцы лӕг дзул райста ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывта. Ӕмӕ уӕд бамбӕрстой, уый Йесо кӕй у. Фӕлӕ уӕдмӕ ӕрбацыдӕр.

Уыцы дыууӕ ахуыргӕнинаджы Иерусалиммӕ атагъд кодтой, апостолтӕ цы хӕдзары ӕрӕмбырд сты, уырдӕм ӕмӕ сын хабар радзырдтой. Уалынмӕ сӕ разы Йесо февзӕрд. Апостолты уайтагъд нӕ бауырныдта, уый Йесо кӕй у. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй бауырныдтаид, уый тыххӕй сын загъта: «Мӕнӕ мын мӕ къухтӕм ӕрбакӕсут, бавналут мӕм. Фыстады загъд уыд, Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас уыдзӕн».

«Ӕз дӕн фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6)