Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

94 СӔРГОНД

Ахуыргӕнинӕгтӕ схайджын сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй

Ахуыргӕнинӕгтӕ схайджын сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй

Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уымӕй дӕс боны фӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты. Уый уыди нӕ эрӕйы 33 азы, Фӕндзайӕм бон чи хуынд, уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕг. Уыцы бӕрӕгбонмӕ Иерусалиммӕ алыхуызон бӕстӕтӕй ӕрцыд бирӕ адӕм. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй 120 адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд сты, цы хӕдзары-иу ӕмбырд кодтой, уым. Ӕвиппайды ӕрцыд иу диссаг. Ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕй сӕрмӕ дӕр фӕзынд арты хуызӕн цыдӕр, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр райдыдтой алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын. Цы хӕдзары уыдысты, уый ахӕм уынӕрӕй байдзаг, цыма тыхджын дымгӕ сыстад.

Иерусалиммӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй цы адӕм ӕрцыд, уыдон уыцы уынӕр фехъусгӕйӕ уырдӕм ӕрбалыгъдысты, цымӕ уый цы у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты алыхуызон ӕвзӕгтыл дзургӕ куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд. Уыдон загътой: «Ацы адӕм Галилейӕйӕ куы сты, уӕд нӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл куыд дзурынц?»

Уӕд Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ адӕмы раз ӕрлӕууыдысты. Петр адӕмӕн радзырдта, Йесойы куыд амардтой ӕмӕ йӕ Йегъовӕ куыд райгас кодта, уый тыххӕй. Стӕй загъта: «Йесо ссыд уӕлӕрвтӕм ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты схайджын кодта, зӕрдӕ сын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тыхӕй. Ӕмӕ сымах дӕр ацы диссӕгтӕ уымӕн уынут ӕмӕ хъусут».

Петры ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕтӕм тынг бахъардтой, ӕмӕ йӕ бафарстой: «Куыд хъуамӕ бакӕнӕм?» Уый сын загъта: «Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ Йесойы номыл донаргъуыд райсут. Ӕмӕ уӕд сымах дӕр сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдзыстут». Уыцы бон донаргъуыд райста 3 000 адӕймаджы бӕрц. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Иерусалимы ахуыргӕнинӕгтӕ бонӕй-бонмӕ кодтой фылдӕр. Сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй апостолтӕ бирӕ ӕмбырдтӕ скодтой, цӕмӕй сӕ бон уыдаид, Йесо сын цы бацамыдта, ӕппӕт уыдӕттӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр амонын.

«Кӕд, „де ’взагыл цы дзырд ис“, ома Йесо нӕ Хицау кӕй у, уый ӕргом дзурыс ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ ӕууӕндыс, уӕд фервӕздзынӕ» (Ромӕгтӕм 10:9)