Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

96 СӔРГОНД

Йесо Савлы равзӕрста, цӕмӕй бирӕ адӕмтӕн хъусын кодтаид

Йесо Савлы равзӕрста, цӕмӕй бирӕ адӕмтӕн хъусын кодтаид

Савл райгуырд горӕт Тарсы ӕмӕ уыди ромагыл нымад. Уый уыд фарисей ӕмӕ дзуттӕгты Закъон хорз зыдта. Савл чырыстӕттӕй йӕ удхӕссӕг уыдта. Хӕдзӕрттӕм-иу бабырста, нӕлгоймӕгты ӕмӕ-иу сылгоймӕгты ӕддӕмӕ раласта ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта. Чидӕртӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй иуы, Стефаны, дуртӕй куы мардтой, уӕд Савл дӕр уым лӕууыд ӕмӕ сӕм ӕнцад каст.

Фӕлӕ-иу Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕтты кӕй ӕрцахста, уый йын фаг нӕ уыд. Савл хистӕр сауджынӕй бар ракуырдта, цӕмӕй горӕт Дамаскмӕ ацыдаид ӕмӕ уым дӕр чырыстӕтты бафхӕрдтаид. Савл горӕтмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд ӕвиппайды йӕ алыварс ныррухс, ӕмӕ зӕххыл ӕрхауд. Уӕд кӕйдӕр хъӕлӕс райхъуыст: «Савл, цӕмӕн цӕуыс мӕ ныхмӕ?» Савл ӕй бафарста: «Чи дӕ?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн Йесо. Ацу Дамаскмӕ, ӕмӕ дын уым зӕгъдзысты, цы кӕнын дӕ хъӕуы, уый». Раст уыцы рӕстӕг Савл бакуырм, ӕмӕ йӕ горӕтмӕ акодтой, йӕ къухтыл ын хӕцыдысты, афтӕмӕй.

Дамаскы цард, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, иу ахӕм чырыстон нӕлгоймаг, Анани. Йесо йын цӕстылуайӕны загъта: «Ӕмраст кӕй хонынц, уыцы уынгыл ссар Иудӕйы хӕдзар ӕмӕ дзы бафӕрс Савлы». Анани йын загъта: «Хицау, уыцы адӕймаг чи у, уый ӕз хорз зонын! Уый дын дӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕты ахӕстоны сбадын кодта!» Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ацу йӕм. Ӕз ӕй равзӕрстон, цӕмӕй бирӕ адӕмтӕн хорз хабар фехъусын кӕна».

Гъемӕ Анани Савлы бацагуырдта ӕмӕ йын загъта: «Савл, ме ’фсымӕр, Йесо мӕ дӕумӕ рарвыста, цӕмӕй дӕ цӕстӕй ракӕсын кӕнон». Ӕмӕ раст уыцы рӕстӕг Савл цӕстӕй ракаст. Уый фӕстӕ йын Йесойы тыххӕй радзырдтой, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуӕг сси. Савл донаргъуыд куы райста, уӕд иннӕ чырыстӕттимӕ иумӕ райдыдта ӕмбырдгӕнӕнты хъусын кӕнын. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, дзуттӕгтӕ куыд дис кодтаиккой, Савл адӕмӕн Йесойы тыххӕй куыд хъусын кодта, уый уынгӕйӕ. Уыдон дзырдтой: «Ай мӕнӕ, Йесойы ахуыргӕнинӕгты чи ӕфхӕрдта, уый нӕу?»

Савл ӕртӕ азы дӕргъы Дамаскы цӕрджытӕн хорз хабар хъусын кодта. Дзуттӕгтӕ Савлӕй сӕ удхӕссӕг уыдтой, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодтой амарын. Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ уый тыххӕй куы базыдтой, уӕд ын баххуыс кодтой, цӕмӕй уырдыгӕй алыгъдаид. Уыдон ӕй, горӕты къулы цы рудзынг уыд, уырдыгӕй чыргъӕды ӕруагътой.

Савл Иерусалиммӕ куы ацыд, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй ӕфсымӕртӕм баиу уыдаид, фӕлӕ дзы уыдон тарстысты. Ахуыргӕнинӕгтӕй иу, Варнавӕ, уыд тынг хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Уый Савлы апостолтӕм ӕрбакодта ӕмӕ сын бамбарын кодта, ӕвзӕр адӕймаг кӕй нал у. Ӕмӕ Савл дӕр Иерусалимы ӕмбырдимӕ иумӕ райдыдта хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Фӕстӕдӕр ӕй хонын райдыдтой Павел.

«Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ... Ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтӕн ӕз дӕн сӕ фыццаг» (1 Тимофеймӕ 1:15)