Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

98 СӔРГОНД

Ӕндӕр адӕмтӕй бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ

Ӕндӕр адӕмтӕй бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ

Апостолтӕ, Йесо сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ хорз хабар хъусын кодтой ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Нӕ эрӕйы 47 азы Антиохийы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ Павелы ӕмӕ Варнавӕйы уацамындон балцы арвыстой. Уыцы дыууӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕджы ӕрзылдысты ӕнӕхъӕн Къаннӕг Азийыл ӕмӕ хъусын кодтой алыхуызон горӕтты, зӕгъӕм, Дервийы, Листрӕйы ӕмӕ Иконийы.

Павел ӕмӕ Варнавӕ хъусын кодтой алкӕмӕн дӕр – хистӕртӕн ӕмӕ кӕстӕртӕн, хъӕздгуытӕн ӕмӕ мӕгуыртӕн. Бирӕтӕ сӕ Чырыстийыл баууӕндыдысты. Павел ӕмӕ Варнавӕ Кипры сакъадахы хицауӕн, Сергий Павелӕн, куы хъусын кодтой, уӕд иу кӕлӕнгӕнӕг сӕ ныхмӕ дзурын райдыдта. Уӕд ын Павел загъта: «Йегъовӕ дӕ бафхӕрдзӕн». Ӕвиппайды уыцы кӕлӕнгӕнӕг бакуырм. Сергий Павел уый куы федта, уӕд уый дӕр уырнӕг сси.

Павел ӕмӕ Варнавӕ хъусын кодтой алкӕмдӕр – хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, базарты, уынджы ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕнты. Листрӕйы куы уыдысты, уӕд сдзӕбӕх кодтой иу къуылых лӕджы. Ӕмӕ уыцы диссаг чи федта, уыдон афтӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ хуыцӕуттӕ сты, ӕмӕ сын бакувынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ сын Павел ӕмӕ Варнавӕ загътой: «Кувын ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн ӕмбӕлы! Мах та адӕймӕгтӕ стӕм». Уый фӕстӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ адӕмы Павелы ныхмӕ скодтой. Уӕд адӕм Павелы дуртӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ горӕтӕй ӕддӕмӕ рахастой. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ амард, ӕмӕ йӕ уым ныууагътой. Фӕлӕ Павел нӕ амард! Ӕфсымӕртӕ йӕм ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ горӕтмӕ ӕрбакодтой. Фӕстӕдӕр Павел аздӕхт Антиохимӕ.

Нӕ эрӕйы 49 азы Павел дыккаг хатт ацыд уацамындон балцы. Къаннӕг Азийы ӕфсымӕрты куы бабӕрӕг кодта, уӕд ацыд ноджы дарддӕр, суанг Европӕмӕ. Уый хъусын кодта Филиппты, Фессалоникӕйы, Афинты ӕмӕ ӕндӕр горӕтты. Павелимӕ иумӕ уыцы балцы уыдысты Силӕ, Лука ӕмӕ ма иу ӕрыгон лӕппу, Тимофей. Уыдон иумӕ архайдтой, цӕмӕй-иу ног ӕмбырдтӕ фӕзындаид, ӕмӕ-иу уыцы ӕмбырдтӕ фидар кодтой. Зӕгъӕм, Павел Коринфы афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг фӕци ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад фидар кодта. Уым хъусын кодта, иннӕты ахуыр кодта ӕмӕ ӕмбырдтӕм писмотӕ фыста. Павел ма кусгӕ дӕр кодта – цатыртӕ хуыдта. Цасдӕры фӕстӕ ацыд Ефесмӕ, уырдыгӕй та аздӕхт Антиохимӕ.

Нӕ эрӕйы 52 азы Павел ӕртыккаг хатт ацыд уацамындон балцы. Фыццаг уал хъусын кодта Къаннӕг Азийы. Цалдӕр азы Павел фӕци Ефесы ӕмӕ уым адӕмы ахуыр кодта, рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ ӕмбырдӕн ӕххуыс кодта. Стӕй ма алы бон дӕр иу скъолайы адӕмы раз раныхӕстӕ дзырдта. Бирӕтӕ йын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ сӕ цард фӕивтой. Уырдыгӕй ацыд цӕгатырдӕм, Филипптӕм, уый фӕстӕ та – хуссарырдӕм, Коринфмӕ. Павел хорз хабар фехъусын кодта бирӕ бӕстӕты, ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхт.

«Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матфейы 28:19)