Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

100 СӔРГОНД

Павел ӕмӕ Тимофей

Павел ӕмӕ Тимофей

Тимофей уыди ӕрыгон ӕфсымӕр ӕмӕ уыд горӕт Листрӕйы ӕмбырдӕй. Йӕ фыд уыд грекъаг, йӕ мад та – дзуттаг. Йӕ мад хуынди Евникӕ, йӕ мадымад та – Лоидӕ. Сӕ дыууӕ дӕр Тимофейӕн йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтой.

Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг Листрӕйы куы уыд, уӕд федта, Тимофей ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты тынг кӕй уарзта ӕмӕ сын зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кодта. Гъемӕ йӕ уацамындон балцы йемӕ акодта. Павел ӕй ахуыр кодта, ӕмӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд Тимофей сси хорз хъусынгӕнӕг ӕмӕ ахуыргӕнӕг.

Павел ӕмӕ Тимофей кӕдӕмфӕнды ма ацыдаиккой, уӕддӕр сын Хуыцауы сыгъдӕг тых разамынд лӕвӕрдта. Иу ӕхсӕв Павел ахӕм цӕстылуайӕн федта: иу лӕг ын загъта, цӕмӕй Македонимӕ ӕрцыдаид ӕмӕ сын баххуыс кодтаид. Гъемӕ Павел, Тимофей, Силӕ ӕмӕ Лука уырдӕм ацыдысты, цӕмӕй хорз хабар уым дӕр фехъусын кодтаиккой ӕмӕ дзы ӕмбырдтӕ скодтаиккой.

Македонийы горӕттӕй иуы, Фессалоникӕйы, нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ систы чырыстӕттӕ. Фӕлӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Павелмӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм мӕсты кодтой. Уыдон адӕмы ӕрӕмбырд кодтой, ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты горӕты хицӕуттӕм акодтой ӕмӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Ацы нӕлгоймӕгтӕ цӕуынц Ромы паддзахы закъӕтты ныхмӕ!» Павел ӕмӕ Тимофейӕн сӕ цардӕн тӕссаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхсӕв алыгъдысты горӕт Веримӕ.

Верийы цӕрӕг адӕм хорз хабармӕ зӕрдиагӕй байхъуыстой, ӕмӕ грекъӕгтӕй дӕр ӕмӕ дзуттӕгтӕй дӕр бирӕтӕ систы уырнджытӕ. Фӕлӕ Фессалоникӕйӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ ӕрцыдысты ӕмӕ уым дӕр адӕмы сызмӕстой, ӕмӕ уӕд Павел Афинтӕм ацыд. Тимофей ӕмӕ Силӕ та Верийы баззадысты, цӕмӕй ӕфсымӕрты фидар кодтаиккой. Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел Тимофейы фӕстӕмӕ Фессалоникӕмӕ арвыста. Уым ӕфсымӕртӕн сӕ ныхмӕ тынг цыдысты, ӕмӕ сын Тимофей хъуамӕ баххуыс кодтаид, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаиккой. Фӕстӕдӕр-иу Павел Тимофейы иннӕ ӕмбырдтӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ дӕр арвыста, цӕмӕй-иу ӕфсымӕрты бафидар кодтаид.

Павел Тимофейӕн загъта: «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ныхмӕ цӕудзысты». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Тимофей Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй йӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодтой. Фӕлӕ уый цин кодта, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый равдисын.

Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Ӕз уӕм Тимофейы фервитын. Уый уын бацамондзӕн, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый». Павел зыдта, Тимофейӕн цыфӕнды хъуыддаг ма бахӕс кӕна, уӕддӕр ӕй кӕй бакӕндзӕн. Уыдон бирӕ азты дӕргъы Хуыцауӕн иумӕ фӕлӕггад кодтой ӕмӕ уыдысты хорз ӕмбӕлттӕ.

«Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи батыхса. Иннӕтӕ иууылдӕр, сӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл хъуыды кӕнынц, Йесо Чырыстийыл нӕ, фӕлӕ» (Филиппӕгтӕм 2:20, 21)