Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

101 СӔРГОНД

Павелы арвыстой Роммӕ

Павелы арвыстой Роммӕ

Павелӕн йе ’ртыккаг уацамындон балц фӕци Иерусалимы. Уым ӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Ӕхсӕвы йын Йесо цӕстылуайӕны загъта: «Ды ацӕудзынӕ Роммӕ ӕмӕ уым хорз хабар хъусын кӕндзынӕ». Павелы Иерусалимӕй акодтой Кесаримӕ, ӕмӕ уым ахӕстоны фӕци дыууӕ азы. Уым ын хицау Фест куы тӕрхон кодта, уӕд загъта: «Ромы паддзахмӕ мӕ арвитут, цӕмӕй мын уый стӕрхон кӕна». Уӕд ын Фест загъта: «Кӕд Ромы паддзахы тӕрхон домыс, уӕд Ромы паддзахмӕ ацӕудзынӕ». Павелы сбадын кодтой, Роммӕ чи цыд, ахӕм науыл. Йемӕ ма уыди дыууӕ ӕфсымӕры, Лука ӕмӕ Аристарх.

Денджызыл куы цыдысты, уӕд тыхдымгӕ сыстад ӕмӕ нал ӕмӕ нал ӕнцад. Науыл чи уыд, уыдон иууылдӕр афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ амӕлдзысты. Фӕлӕ сын Павел загъта: «Хорз адӕм, мӕнмӕ зӕд фӕзынд ӕмӕ мын афтӕ загъта: „Ма тӕрс, Павел. Роммӕ бахӕццӕ уыдзынӕ ӕмӕ, демӕ науыл чидӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззайдзысты“. Уӕдӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд! Махӕй ничи амӕлдзӕн».

Тыхдымгӕ 14 боны не ’нцад. Уалынмӕ сӕм сурзӕхх разынд. Уый уыд Мальтӕйы сакъадах. Фӕлӕ нау доны тӕнӕг ранмӕ бахауд, ӕмӕ уым ныссагъди. Фӕстӕрдыгӕй йӕ уылӕнтӕ хойын райдыдтой ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой. Фӕлӕ науыл цы 276 адӕймаджы уыд, уыдон сурзӕхмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ сты. Чи йӕхӕдӕг баленк кодта былмӕ, чи та – науӕй цы фӕйнӕджыты гӕбӕзтӕ рахауд, уыдоныл аленк кодта. Мальтӕйы цӕрджытӕ сын арт скодтой, цӕмӕй сӕхи схъарм кодтаиккой ӕмӕ сӕм, цӕмӕй хъуыд, уымӕй фӕкастысты.

Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ӕфсӕддонтӕ Павелы ӕндӕр науыл Роммӕ аластой. Павел уырдӕм куы ныххӕццӕ, уӕд ӕм ӕфсымӕртӕ йӕ размӕ рацыдысты. Павел сӕ куы федта, уӕд фӕныфсджындӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг загъта. Кӕд Павел ахст уыд, уӕддӕр ын бар радтой, цӕмӕй ӕххуырст хӕдзары цардаид, ӕмӕ йӕ ӕфсӕддонтӕ хъахъхъӕдтой. Уыцы хӕдзары фӕци дыууӕ азы. Чи-иу ӕй бабӕрӕг кодта, уыдонӕн-иу Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ Йесойы тыххӕй хъусын кодта. Стӕй ма Павел, Къаннӕг Азийы ӕмӕ Иудейӕйы цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдонмӕ писмотӕ ныффыста. Йегъовӕйы куыддӕриддӕр фӕндыд, афтӕ Павел хорз хабар бирӕ адӕмтӕн фехъусын кодта.

«Алы ӕгъдауӕй дӕр ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый: фидар лӕууӕм бирӕ зындзинӕдты, бӕллӕхты, хъуаг ӕййафгӕйӕ, тыхст уавӕрты» (2 Коринфӕгтӕм 6:4)