Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

103 СӔРГОНД

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

Йегъовӕ фидӕны тыххӕй загъта: «Хъарӕг, рыст, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзысты. Ӕз адӕмӕн сӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзынӕн. Раздӕр цы ӕвзӕр хабӕрттӕ уыд, уыдон ничиуал ӕрхъуыды кӕндзӕн».

Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы Едемы цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта, цӕмӕй уым амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй цардаиккой. Уыдон хъуамӕ сӕ уӕларвон Фыдӕн лӕггад кодтаиккой ӕмӕ цот уагътаиккой, цӕмӕй зӕхх адӕмӕй байдзаг уыдаид. Адам ӕмӕ Евӕйы Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нӕ бафӕндыд, фӕлӕ уый уӕддӕр йӕ фӕнд нӕ аивта. Ацы чиныджы федтам, Хуыцау йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Йӕ Паддзахад адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕ, Авраамӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

Тагъд рӕстӕджы Хӕйрӕг, йӕ дӕлимонтӕ ӕмӕ ӕвзӕр адӕм фесӕфдзысты. Цӕргӕйӕ чи баззайа, уыдон та Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты. Рынчын ӕмӕ мӕлгӕ ничиуал кӕндзӕн. Алы бон дӕр нӕм уыдзӕн бирӕ хъарутӕ, стӕй цардыл цин кӕндзыстӕм. Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Алчидӕр хӕрдзӕн пайда хӕринӕгтӕ ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн хорз хӕдзар. Адӕм кӕрӕдзийӕн ӕвзӕрӕй ницыуал араздзысты, фӕлӕ уыдзысты хӕларзӕрдӕ. Хъӕддаг сырдтӕ нӕ нӕ тӕрсдзысты ӕмӕ сӕ мах дӕр нӕ тӕрсдзыстӕм.

Йегъовӕ адӕмы ӕгас кӕнын куы райдайа, уӕд куыд тынг цин кӕндзыстӕм! Мах фембӕлдзыстӕм, раджы заманты чи цард, уыдонимӕ, зӕгъӕм, Авел, Ной, Авраам, Саррӕ, Моисей, Руф, Есфир ӕмӕ Давидимӕ. Мах семӕ иумӕ зӕххӕй дзӕнӕт скӕндзыстӕм. Ӕмӕ нын алкӕддӕр уыдзӕн, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуа, ахӕм куыст.

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ды дӕр уыцы дзӕнӕты цӕрай. Уым Хуыцауы тыххӕй базондзынӕ бирӕ ног цыдӕртӕ. Цӕй уӕдӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр!

«О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай» (Раргомад 4:11)