Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 1 хаймӕ

Разныхас 1 хаймӕ

Библийы ӕппӕты райдианы фыст ис, Йегъовӕ уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр алцыдӕр куыд сфӕлдыста, уый тыххӕй. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, нӕ алыварс дуне куыд диссаджы конд у, уый. Бамбарын сын кӕнут, Хуыцау нӕ афтӕ кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ цӕрӕгойтӕй тынг хицӕн кӕнӕм – нӕ бон у дзурын, хъуыды кӕнын, ног цыдӕртӕ ӕрхъуыды кӕнын, зарын ӕмӕ Хуыцаумӕ кувын. Баххуыс сын кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ миниуджыты тыххӕй аргъ кӕной – уый у стыр тых ӕмӕ зонды хицау ӕмӕ йе сконд дуне, уыимӕ махӕй алкӕй дӕр, бирӕ уарзы.

АЦЫ ХАЙЫ

1 СӔРГОНД

Хуыцау скодта арв ӕмӕ зӕхх

Библийы фыст ис, Хуыцау кӕй скодта арв ӕмӕ зӕхх. Зоныс ӕй, Хуыцау цалынмӕ алцыдӕр не сфӕлдыста, уӕдмӕ иу зӕды цӕмӕн сфӕлдыста, уый?

2 СӔРГОНД

Хуыцау сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы

Хуыцау фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Едемы цӕхӕрадоны ӕрцӕрын кодта. Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй сын райгуырдаид бирӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой.