Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 2 хаймӕ

Разныхас 2 хаймӕ

Йегъовӕ уӕды дуне Доны хъаймӕты цӕмӕн фесӕфта? Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ райдыдта тох хорздзинад ӕмӕ ӕвзӕрдзинады ’хсӕн. Чидӕртӕ, зӕгъӕм, Адам, Евӕ ӕмӕ сӕ фырт Каин, слӕууыдысты ӕвзӕрдзинады фарс. Фӕлӕ дзы уыд, хорздзинады фарс чи слӕууыд, ахӕмтӕ дӕр, зӕгъӕм, Авел ӕмӕ Ной. Адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ ӕвзӕр систы, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы ӕвзӕр дуне фесӕфта. Ацы хайӕ базондзыстӕм, Йегъовӕ кӕй уыны, махӕй алчидӕр цы равзары, уый ӕмӕ кӕй никуы бауадздзӕн, цӕмӕй ӕвзӕрдзинад хорздзинадыл фӕуӕлахиз уа.

АЦЫ ХАЙЫ

3 СӔРГОНД

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой

Едемы цӕхӕрадоны иу бӕлас иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кодта? Цымӕ дзы Евӕ цӕмӕн бахордта?

4 СӔРГОНД

Йе ’фсымӕрмӕ мӕсты кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ амардта

Хуыцау Авелы нывонд айста, Каины нывонд та нӕ айста. Каин уый тыххӕй смӕсты, ӕмӕ тынг ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзта.

5 СӔРГОНД

Ной сарӕзта нау

Ӕвзӕр зӕдтӕ сӕхицӕн зӕххыл устытӕ куы ракуырдтой, уӕд сын райгуырд фырттӕ, ӕмӕ систы уӕйгуыты йас. Уыдоны аххосӕй зӕхх фыдхъуыддӕгтӕй байдзаг. Фӕлӕ Ной та Хуыцауы уарзта ӕмӕ йӕ коммӕ каст.

6 СӔРГОНД

Аст адӕймаджы аирвӕзтысты

40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы къӕвда фӕуарыд. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ науы мидӕг фесты афӕдзӕй фылдӕр. Ӕппынфӕстаг сын Хуыцау загъта, цӕмӕй науӕй рацӕуой.