Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 3 хаймӕ

Разныхас 3 хаймӕ

Доны хъаймӕты фӕстӕ дӕр, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, ахӕм адӕймӕгтӕ бирӕ нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис Авраамы тыххӕй. Уый уыди Йегъовӕйы хӕлар. Цымӕ йӕ Йегъовӕ йӕ хӕлар цӕмӕн схуыдта? Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, Йегъовӕ сыл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна. Авраамау ӕмӕ иннӕ иузӕрдион адӕймӕгтау, зӕгъӕм, Лот ӕмӕ Иаковау, махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын. Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн.

АЦЫ ХАЙЫ

7 СӔРГОНД

Вавилоны мӕсыг

Адӕмӕй чидӕртӕ сфӕнд кодтой стыр горӕт ӕмӕ, йӕ цъупп арвыл кӕмӕн ӕндзӕвыдаид, ахӕм мӕсыг саразын. Хуыцау афтӕ цӕмӕн бакодта, ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтаиккой?

8 СӔРГОНД

Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцаумӕ хъуыстой

Авраам ӕмӕ Саррӕ горӕт Ур цӕмӕн ныууагътой ӕмӕ Ханаанмӕ цӕмӕн ацыдысты?

9 СӔРГОНД

Лӕппу сын райгуырд!

Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый йӕ дыууӕ фыртӕй кӕй уылты сӕххӕст кӕндзӕн: Исахъ ӕви Измаилы уылты?

10 СӔРГОНД

Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы

Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл зынг ӕмӕ сондон ныккалдта. Уыцы дыууӕ горӕты цӕмӕн фесӕфта? Нӕ зӕрдыл Лоты усы цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

11 СӔРГОНД

Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый хъуыддагӕй равдыста

Хуыцау Авраамӕн загъта: «Курӕг дӕ дӕн, демӕ дӕ фырты акӕн ӕмӕ йӕ Мориайы хохыл нывондӕн ӕрхӕсс». Цымӕ Авраам куыд равдыста, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд, уый?

12 СӔРГОНД

Исавы бынтӕ Иаковмӕ ӕрхаудысты

Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыд фаззон лӕппутӕ, Исав ӕмӕ Иаков. Исав хистӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын уыд хистӕр фырты бартӕ. Цымӕ сӕ хъӕрмхуыппы къусыл цӕмӕн баивта?

13 СӔРГОНД

Иаков ӕмӕ Исав бафидыдтой

Зӕд Иаковӕн куыд раарфӕ кодта? Ӕмӕ Иаков Исавимӕ куыд бафидыдта?