Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 7 хаймӕ

Разныхас 7 хаймӕ

Ацы хайы дзырд цӕуы, 80 азы дӕргъы паддзах Саулыл ӕмӕ паддзах Давидыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, ууыл. Саул уыд сӕрныллӕг адӕймаг ӕмӕ Хуыцауӕй тарсти. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕйы коммӕ нал каст. Уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта, цӕмӕй Израилы ног паддзахӕй Давиды сӕвӕрдтаид. Саул Давидмӕ хӕлӕг кодта, ӕмӕ йӕ бирӕ хӕттыты марынмӕ дӕр хъавыд. Фӕлӕ дзы Давид йӕ маст никуы райста. Саулы фырт Ионафан Давидыл уыд иузӕрдион. Уый зыдта, Йегъовӕ йӕ паддзахӕй кӕй равзӕрста. Давид цалдӕр стыр тӕригъӕды сарӕзта, фӕлӕ-иу Йегъовӕйы зондамындмӕ байхъуыста. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕмӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонмӕ хъусӕм ӕмӕ сыл иузӕрдион уӕм.

АЦЫ ХАЙЫ

39 СӔРГОНД

Израилы фыццаг паддзах

Хуыцау-иу израилӕгтӕн тӕрхонгӕнджыты сӕвӕрдта, цӕмӕй-иу сын разамынд лӕвӕрдтаиккой. Фӕлӕ израилӕгты бафӕндыд, цӕмӕй сын паддзах уыдаид. Фыццаг паддзах уыди Саул, фӕлӕ йыл фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ къух систа. Цымӕ цӕмӕн?

40 СӔРГОНД

Давид ӕмӕ Голиаф

Йегъовӕ Давиды равзӕрста, цӕмӕй Израилы ног паддзах суыдаид. Давид равдыста, хорз паддзах цӕмӕн уыдзӕн, уый.

41 СӔРГОНД

Давид ӕмӕ Саул

Саул Давидмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ цӕмӕн дардта? Давид куыд бакодта?

42 СӔРГОНД

Ионафан уыд хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг

Паддзахы фырт Ионафан Давидӕн сси хорз ӕмбал.

43 СӔРГОНД

Паддзах Давид тӕригъӕд сарӕзта

Давид тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр стыр зиан ӕрхаста.