Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 9 хаймӕ

Разныхас 9 хаймӕ

Ацы хайӕ базондзыстӕм, Йегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион чи уыд, уыцы ӕрыгӕтты, пехуымпарты ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй. Сиримӕ уацары кӕй акодтой, уыцы израилаг чызджы уырныдта, Йегъовӕйы пехуымпарӕн йӕ бон кӕй у Нееманы сдзӕбӕх кӕнын. Пехуымпар Елисей фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ йе знӕгтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Хистӕр сауджын Иодай гыццыл Иоасы йӕ фыдымад Гофолийӕ фервӕзын кодта, йӕ цардӕн тӕссаг уыд, афтӕмӕй. Паддзах Езекийы уырныдта, Йегъовӕ Иерусалим ассириӕгтӕй кӕй бахъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ сын се ’ртхъирӕнтӕй нӕ фӕтарст. Паддзах Иоси Иудӕйы зӕххӕй фесӕфта, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ баст цы уыд, уыдӕттӕ, кувӕндон сцалцӕг кодта ӕмӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй та ӕцӕг Хуыцауӕн кувын райдыдтаиккой.

АЦЫ ХАЙЫ

51 СӔРГОНД

Ӕфсады хистӕр ӕмӕ гыццыл чызг

Гыццыл израилаг чызг йӕ хицауы усӕн радзырдта, Йегъовӕмӕ ахӕм хъару кӕй ис, цӕмӕй рынчын адӕймаджы диссаджы хуызы сдзӕбӕх кӕна.

52 СӔРГОНД

Йегъовӕйы уӕларвон ӕфсад

Елисей йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, семӕ чи ис, уыдонӕй». Уыцы ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй уыдысты, уый куыд рабӕрӕг?

53 СӔРГОНД

Хъӕбатыр Иодай

Иузӕрдион хистӕр сауджын ӕвзӕр ус-паддзахӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ гыццыл Иоасы фервӕзын кодта.

54 СӔРГОНД

Йегъовӕ Ионӕимӕ уыд фӕразон

Хуыцауы пехуымпартӕй иуы стыр кӕсаг куыд аныхъуырдта? Кӕсаджы хуылфӕй куыд раирвӕзт? Уыцы пехуымпар Йегъовӕйӕ цӕуыл сахуыр?

55 СӔРГОНД

Йегъовӕйы зӕд Езекийы фервӕзын кодта

Иудӕйы знӕгтӕ загътой, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ куыд тынг рӕдыдысты!

56 СӔРГОНД

Иоси Хуыцауы Закъон уарзта

Иоси паддзах сси, 8 азы йыл куы цыд, уӕд. Уый йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй та Йегъовӕйӕн кувын райдыдтаиккой.