Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 10 хаймӕ

Разныхас 10 хаймӕ

Йегъовӕ у Дун-дунейы Паддзах. Йӕ бар алкӕддӕр алцӕуыл дӕр фӕцӕуы. Зӕгъӕм, Йеремийы цъыфы дзыхъхъы куы ныппӕрстой, уӕд ӕй фервӕзын кодта. Фервӕзын ма кодта Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы, тынг тӕвд пецы сӕ куы баппӕрстой, уӕд. Ӕмӕ Данелы домбӕйтты дзыхъхъы куы ныппӕрстой, уӕд уымӕн дӕр йӕ цард бахъахъхъӕдта. Есфиры цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд ӕй Йегъовӕ бахъахъхъӕдта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон баци йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын. Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй фыддзинад ӕнустӕм уа. Стыр гуымиры ӕмӕ бӕрзонд бӕласы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд загъд, уыдонӕй бӕрӕг у, тагъд Йегъовӕйы Паддзахад фыддзинадӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр йӕ дӕлбар кӕй уыдзӕн.

АЦЫ ХАЙЫ

57 СӔРГОНД

Йегъовӕ Йеремийы пехуымпарӕй равзӕрста

Ацы ӕрыгон пехуымпар Йегъовӕйы ныхас куы хъусын кодта, уӕд ӕм хистӕр лӕгтӕ тынг смӕсты сты.

58 СӔРГОНД

Вавилойнӕгтӕ Иерусалим ныппырх кодтой

Иудӕйы адӕм мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ ныууагъта.

59 СӔРГОНД

Йегъовӕйы коммӕ чи каст, уыцы цыппар дзуттаг лӕппуйы

Ӕрыгон дзуттаг лӕппутӕ уыдысты Вавилоны паддзахы галуаны, фӕлӕ уӕддӕр сӕхицӕн фидарӕй загътой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдзысты.

60 СӔРГОНД

Ӕнустӕм чи уыдзӕн, уыцы Паддзахад

Данел бамбарын кодта, Навуходоносор йӕ фыны цы ӕнахуыр гуымиры федта, уый цӕмӕ амоны, уый.

61 СӔРГОНД

Ӕртӕ лӕппуйы гуымирыйӕн нӕ бакуывтой

Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго, Вавилоны паддзах цы сызгъӕрин гуымиры сӕвӕрдта, уымӕн бакувын нӕ бакуымдтой.

62 СӔРГОНД

Стыр бӕласы хуызӕн паддзахад

Навуходоносор йӕ фыны цы федта, уый амыдта, фидӕны йӕхиуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕ.

63 СӔРГОНД

Къулыл диссаджы хуызы фӕзынд фыстытӕ

Уыцы ныхӕстӕ къулыл кӕд фӕзындысты ӕмӕ цы нысан кодтой?

64 СӔРГОНД

Данел домбӕйтты дзыхъхъы

Данелау алы бон дӕр Йегъовӕмӕ кув!

65 СӔРГОНД

Есфир йӕ адӕмы фервӕзын кодта

Кӕд ӕндӕр бӕстӕйӕ уыд ӕмӕ сидзӕр чызг уыди, уӕддӕр сси паддзахы ус.

66 СӔРГОНД

Ездрӕ адӕмӕн амыдта Хуыцауы Закъон

Адӕм лӕмбынӕг хъуыстой, Ездрӕ сын цы касти, уымӕ ӕмӕ стӕй Хуыцауӕн дзырд радтой, йӕ коммӕ кӕй кӕсдзысты.

67 СӔРГОНД

Иерусалимы къултӕ

Нееми базыдта, йе знӕгтӕ Иерусалимы ныхмӕ рацӕуынмӕ кӕй хъавынц. Фӕлӕ цымӕ цӕуылнӕ фӕтарст?