Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 12 хаймӕ

Разныхас 12 хаймӕ

Йесо адӕмӕн хъусын кодта уӕларвон Паддзахады тыххӕй. Стӕй ма сӕ ахуыр кодта ахсджиаг хъуыддӕгты тыххӕй кувын: цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа, йӕ Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ йӕ фӕндон уа зӕххыл дӕр, уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, уыцы куывды ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты, уый. Йесо Хӕйрӕджы нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ фӕрӕдийын кодтаид. Йесо йӕхицӕн равзӕрста апостолты, ӕмӕ уыдон систы, Хуыцауы Паддзахады ахсджиаг хӕстӕ чи хъуамӕ ӕххӕст кодтаид, уыдонӕй фыццӕгтӕ. Уӕ сывӕллӕттӕн сӕ хъус ӕрдарут, Йесо раст диныл куыд ӕнувыд уыд, уымӕ. Фӕндыди йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ-иу рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормаг адӕмы ӕфсӕста ӕмӕ ма-иу суанг мӕрдты дӕр райгас кодта. Йесо уыцы диссӕгтӕ аразгӕйӕ равдыста, Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый.

АЦЫ ХАЙЫ

74 СӔРГОНД

Йесо сси Мессийӕ

Иоанн Йесойы Хуыцауы Уӕрыкк цӕмӕн схуыдта?

75 СӔРГОНД

Хӕйрӕг Йесойы ӕртӕ хатты бафӕлвӕрдта

Хӕйрӕг Йесойы ӕртӕ хатты куыд бафӕлвӕрдта? Йесо куыд бакодта?

76 СӔРГОНД

Йесо кувӕндон ссыгъдӕг кодта

Йесо кувӕндонӕй фысты ӕмӕ галты цӕмӕн ратардта ӕмӕ ӕхцаивджытӕн се стъӕлттӕ цӕмӕн афӕлдӕхта?

77 СӔРГОНД

Сылгоймаг цъайы раз

Иаковы цъайы раз цы самариаг сылгоймаг уыд, уый дисы бафтыд, Йесо йемӕ ныхас кӕнын кӕй райдыдта, уый тыххӕй. Йесо йын цы ныхӕстӕ загъта, уый уый размӕ никуы никӕмӕн загъта.

78 СӔРГОНД

Йесо хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕмӕндӕрты загъта, «адӕмахсджытӕ» кӕй суыдзысты. Фӕстӕдӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕй 70 адӕймагӕн бацамыдта, хорз хабар куыд хъӕуы хъусын кӕнын, уый.

79 СӔРГОНД

Йесо арӕзта бирӕ диссӕгтӕ

Йесо кӕмдӕриддӕр уыд, уырдӕм-иу ӕм рынчынтӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ-иу сӕ сдзӕбӕх кодта. Суанг ма гыццыл чызджы дӕр райгас кодта.

80 СӔРГОНД

Йесо равзӕрста дыууадӕс апостолы

Цавӕр хъуыддагӕн сӕ равзӕрста? Сӕ нӕмттӕ сын хъуыды кӕныс?

81 СӔРГОНД

Йесо адӕмы хохыл ахуыр кодта

Йесо, чи ӕрӕмбырд, уыцы адӕмӕн бамбарын кодта ахсджиаг хъуыддӕгтӕ.

82 СӔРГОНД

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый

Цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй сӕ ахуыр кодта кувын?

83 СӔРГОНД

Йесо мингай адӕмӕн бахӕрын кодта

Уыцы диссаджы хабарӕй Йесо ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

84 СӔРГОНД

Йесо доныл цыди

Ахъуыды-ма кӕн, апостолтӕ уыцы диссаг фенгӕйӕ куыд фӕуыдаиккой!

85 СӔРГОНД

Йесо иу адӕймаджы сабаты сдзӕбӕх кодта

Уыцы хабарыл алчи нӕ цин кодта. Цымӕ цӕуылнӕ?

86 СӔРГОНД

Йесо Лазӕры райгас кодта

Йесо Марийӕйы кӕугӕ куы федта, уӕд йӕхицӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты. Фӕлӕ сӕ маст цинӕй раивта.