Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас 13 хаймӕ

Разныхас 13 хаймӕ

Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй йӕ цард ӕнӕххӕст адӕмы тыххӕй радтаид. Кӕд ӕй амӕлын бахъуыд, уӕддӕр ацы дунейыл фӕуӕлахиз. Йегъовӕ йӕ Фыртыл уыд иузӕрдион, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта. Йесо суанг йӕ мӕлӕты онг иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кодта ӕмӕ-иу сын сӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кодта. Хуыцау ӕй куы райгас кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ӕмӕ сын бацамыдта, цы ахсджиаг хъуыддаг сын бахӕс кодта, уый куыд хъӕуы аразын. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, мах дӕр абон уыцы хъуыддаджы кӕй архайӕм ӕмӕ уый нӕхицӕн стыр кадыл кӕй хъуамӕ нымайӕм.

АЦЫ ХАЙЫ

87 СӔРГОНД

Йесо Куадзӕн фӕстаг хатт сбӕрӕг кодта

Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Йесо йӕ апостолтӕн ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бамбарын кодта.

88 СӔРГОНД

Йесойы ӕрцахстой

Иудӕ ӕмӕ ма йемӕ бирӕ адӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ Гефсиманийы дыргъдонмӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йесойы ӕрцахстаиккой.

89 СӔРГОНД

Петр Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

Кайафӕйы хӕдзары кӕрты цы ’рцыд? Йесойӕн Кайафӕйы хӕдзары куыд тӕрхон кодтой?

90 СӔРГОНД

Йесо Голгофӕйы амард

Пилат Йесойы цӕмӕн амарын кодта?

91 СӔРГОНД

Йесо райгас

Йесойы куы амардтой, уый фӕстӕ цавӕр диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд?

92 СӔРГОНД

Йесо фӕзынд кӕсагахсджытӕм

Йесо цавӕр диссаг сарӕзта?

93 СӔРГОНД

Йесо фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацыд

Фӕлӕ уал уый размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта тынг ахсджиаг хъуыддаг.