Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 ЗАРӔГ

Йегъовӕ у дӕ ном

Йегъовӕ у дӕ ном

(Псалом 83:18)

  1. 1. О Иунӕг Стыр Хуыцау!

    Цард алкӕмӕн дӕр радтай,

    Ӕмӕ дӕхӕдӕг загътай:

    «Йегъовӕ у мӕ ном».

    Дӕ адӕм ныр ыстӕм,

    Уый махӕн кад у ’цӕгдӕр.

    Хуыцау ды дӕ ӕрмӕстдӕр,–

    Уый дзурӕм мах ӕргом.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ, Йегъовӕ,

    Ӕрмӕст ды дӕ Хуыцау.

    Ды уӕлӕрвты ’мӕ зӕххыл дӕр

    Стыр кады аккаг дӕ.

    Хъуамӕ адӕм се ’ппӕт зоной,

    Ӕцӕг Хуыцау кӕй дӕ.

    Йегъовӕ, Йегъовӕ,

    Нӕ кадджын Иунӕг Стыр Хуыцау!

  2. 2. Дӕ диссаджы фӕндон

    Ӕххӕст кӕнӕм зӕрдӕйӕ.

    Цы зӕгъыс, уый ысвӕййӕм –

    Йегъовӕ у дӕ ном.

    Мах де ’вдисӕнтӕ стӕм,

    Дӕхи бафӕндыд афтӕ.

    Сӕрыстыр ыстӕм мах дӕр,

    Кӕй дын хӕссӕм дӕ ном.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ, Йегъовӕ,

    Ӕрмӕст ды дӕ Хуыцау.

    Ды уӕлӕрвты ’мӕ зӕххыл дӕр

    Стыр кады аккаг дӕ.

    Хъуамӕ адӕм се ’ппӕт зоной,

    Ӕцӕг Хуыцау кӕй дӕ.

    Йегъовӕ, Йегъовӕ,

    Нӕ кадджын Иунӕг Стыр Хуыцау!

(Ноджыдӕр кӕс 2 Аз. 6:14; Пс. 72:19; Ис. 42:8.)