Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 ЗАРӔГ

Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад

Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы кад

(Псалом 19)

  1. 1. Хуыцауы кадыл зары йе сконд дуне.

    Уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх

    йӕ къухты конд ысты.

    Йӕ номӕн кад алы ног бон хӕссы.

    Ӕхсӕв ыстъалытӕй дзаг арв

    Ӕргом кӕны йӕ тых.

  2. 2. Ӕнаипп у Йегъовӕйӕн йӕ закъон,

    Ыссардзыстӕм дзы зонд

    чысылӕй-стырӕй мах.

    Мыдау сты адджын йӕ фӕдзӕхстытӕ,

    Йӕ рухс ныхас у алкӕд раст,

    Нӕ фӕндагӕн – цырагъ.

  3. 3. Ӕнустӕм дӕр Хуыцауӕй тӕрсын хорз у.

    Йӕ уагӕвӕрдтӕ сты

    сызгъӕринӕй хуыздӕр,

    Фӕндаг нын амонынц, хъахъхъӕнынц нӕ.

    Хуыцауы ном кӕнӕм бӕрзонд

    Мах абон не ’ппӕт дӕр.

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 111:9; 145:5; Рарг. 4:11.)