Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

10 ЗАРӔГ

Кадджын кӕнут нӕ Хуыцау Йегъовӕйы!

Кадджын кӕнут нӕ Хуыцау Йегъовӕйы!

(Псалом 145:12)

  1. 1. Кадджын кӕн, цӕй, Йегъовӕйы!

    Хъусын кӕн йӕ рухс, кадджын ном!

    Йе стыр бон у ныр тынг ӕввахс,

    Ӕмӕ алкӕй бафӕдзӕхс ӕргом.

    Йегъовӕйы фӕнд уыди, цӕмӕй ныр

    Йесо Паддзах уа ’гас зӕххӕн.

    Хуыцау ам цы цард ыскӕндзӕни, уый

    Хъуамӕ алкӕмӕн мах зӕгъӕм.

    БАЗАРД

    Кадджын кӕн, цӕй, Йегъовӕйы!

    Алчи базонӕд, куыд кадджын у!

  2. 2. Зар хъӕрӕй, цӕй, Йегъовӕйӕн!

    Хъуысӕнт цины зӕлтӕ дӕрдтыл.

    Арфӕ йын не ’ппӕт дӕр кӕнӕм,

    Кадджын ӕй кӕнӕм ӕгас зӕххыл.

    Йегъовӕмӕ ис ыстыр тых, фӕлӕ

    У сӕрныллӕг, хӕларзӕрдӕ.

    Цы цух ыстӕм, уый нӕ Фыд зоны хорз,

    ’Мӕ ныл батыхсы алкӕддӕр.

    БАЗАРД

    Кадджын кӕн, цӕй, Йегъовӕйы!

    Алчи базонӕд, куыд кадджын у!

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 89:27; 105:1; Йер. 33:11.)