Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

11 ЗАРӔГ

Дун-дуне йе скӕнӕг Хуыцауы кадджын кӕны

Дун-дуне йе скӕнӕг Хуыцауы кадджын кӕны

(Псалом 19)

  1. 1. Хуыцау, ды скодтай бирӕ диссӕгтӕ.

    Бӕрзонд кӕнынц дӕу зӕхх ӕмӕ ӕрвтӕ.

    Дӕ кад дын де сконд дуне ’ргом кӕны,

    Дӕуӕн ӕнӕдзургӕйӕ кад хӕссы.

    Дӕ кад дын де сконд дуне ’ргом кӕны,

    Дӕуӕн ӕнӕдзургӕйӕ кад хӕссы.

  2. 2. У зонды райдайӕн дӕуӕй тӕрсын –

    Нӕ бон у уый фӕрцы рӕстӕй цӕрын.

    Дӕ фӕдзӕхст у сызгъӕринӕй хуыздӕр,

    Кӕны ӕвӕлтӕрды уый зондджындӕр.

    Дӕ фӕдзӕхст у сызгъӕринӕй хуыздӕр,

    Кӕны ӕвӕлтӕрды уый зондджындӕр.

  3. 3. Нӕ Хӕлар дӕ – нӕ цард нӕу дзӕгъӕлы.

    Цӕрдзыстӕм мах дӕ ныхасы фӕрцы.

    Дӕ ном дын чидӕрид бӕрзонд кӕндзӕн,

    Стыр кадӕй ’нӕмӕнг уымӕн хай уыдзӕн.

    Дӕ ном дын чидӕрид бӕрзонд кӕндзӕн,

    Стыр кадӕй ’нӕмӕнг уымӕн хай уыдзӕн.

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 12:6; 89:7; 144:3; Ром. 1:20.)