Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 ЗАРӔГ

Стыр Хуыцау Йегъовӕ

Стыр Хуыцау Йегъовӕ

(Рацыд 34:6, 7)

  1. 1. Не Стыр Хуыцау дӕ махӕн, Йегъовӕ.

    Кады, ’ппӕлды аккаг дӕ,

    Раст ӕмӕ хӕларзӕрдӕ.

    Стыр у дӕ зонд, дӕ уарзт ’мӕ дӕ хъару.

    ’Цӕг Хуыцау ӕнустӕм дӕ.

  2. 2. Ды дӕ фӕлмӕн Фыд, бирӕ нын барыс.

    Мах дӕуӕй рӕвдыд ыстӕм,

    Хъусыс нын нӕ куывдтытӕм.

    Хай нын кӕныс дӕ хӕрзтӕй, дӕ зондӕй.

    Де ’ххуыс дын ӕдзух уынӕм.

  3. 3. Зарынц дӕ кадыл зӕхх ’мӕ уӕлӕрвтӕ.

    Мах дӕр зарӕм хъӕлдзӕгӕй

    Алы бон дӕуӕн хъӕрӕй.

    ’Рмӕстдӕр дӕуӕн, нӕ Хуыцау Йегъовӕ,

    Кад кӕнӕм ӕппӕт удӕй.