Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

13 ЗАРӔГ

Чырысти махӕн у фӕзминаг

Чырысти махӕн у фӕзминаг

(1 Петры 2:21)

  1. 1. Хуыцауы иунӕг Фырт

    Уӕларвӕй зӕхмӕ ’рцыд –

    Йегъовӕ стыр уарзт уӕд равдыста уымӕй.

    Чырыстийӕн йӕ цард

    Хуыцауӕн хаста кад.

    Ӕмӕ фӕзминаг уыди алцӕмӕй.

  2. 2. Хӕринагау ын уыд

    Хуыцауы алы дзырд,

    Йӕ Ныхас уымӕн уыди зонды суадон.

    Йӕ Фыдӕн уыд цагъар,

    Ӕгасӕй уыд йӕ бар,

    Ӕмӕ йын цин хаста уый алы бон.

  3. 3. Цӕй, Йесойау цӕрӕм,

    Хуыцауӕн кад хӕссӕм.

    Цӕуӕм Чырыстийы къахвӕдтыл мах дӕр.

    Фӕзминаг уый уыдзӕн

    Ӕнустӕм не ’ппӕтӕн.

    Хуыцау нӕ райгонд уыдзӕн алкӕддӕр.

(Ноджыдӕр кӕс Иоан. 8:29; Еф. 5:2; Фил. 2:5–7.)