19 ЗАРӔГ
Нӕ Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр
-
1. Нӕ уӕларвон Фыд, о Йегъовӕ!
У ацы бон табуйаг бон!
Сбӕлвырд рагзаманты
де стыр уарзт ӕмӕ тых,
Дӕ рӕстдзинад ӕмӕ дӕ зонд.
Уӕд Куадзӕн ыскодтой дӕ адӕм,
Сӕ цард уый фӕрцы хъахъхъӕд уыд.
Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ
Йесо ’рцыди зӕхмӕ –
Уӕд ыстырдӕр нывонд хаст ӕрцыд.
-
2. Ис дзул ӕмӕ сӕн ам нӕ разы –
Ӕвдисынц дӕ Фырты нывонд.
Стыр аргъ уӕд фыст ӕрцыд –
уый дӕ уарзон Фырт уыд.
Хъуыста дӕм йӕ мӕлӕты онг.
Нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм абон,
Кӕй бафыстай ахӕсты аргъ.
Ныр сӕрибар ыстӕм,
’мӕ дын бузныг зӕгъӕм,
Уӕд мӕлӕтӕй кӕй балхӕдтай мах.
-
3. Фӕхуыдтай нӕ ардӕм дӕхӕдӕг,
Дӕ разы ӕрӕмбырд ыстӕм.
Бузныг стӕм мах дӕуӕй
’мӕ дӕ иунӕг Фыртӕй,
Зӕрдӕйӕ уын арфӕ кӕнӕм.
Дӕу кадджын кӕны ацы стыр бон
’Мӕ махӕн та стыр ныфс дӕтты.
Цӕй ’мӕ Йесойы къахвӕдтыл
раст цӕуӕм мах,
Мӕ нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын.
(Ноджыдӕр кӕс Лук. 22:14–20; 1 Кор. 11:23–26.)