Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22 ЗАРӔГ

Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!

Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!

(Раргомад 11:15; 12:10)

  1. 1. Йегъовӕ, ӕнусон Хуыцау!

    Ды алкӕддӕр уыдтӕ.

    Дӕ Фырт, Йесо, Паддзах ысси,

    Йӕ сӕвӕрӕг ды дӕ.

    Ысфидар Паддзахад ӕрвтыл,

    Йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл.

    БАЗАРД

    Ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ

    Нӕ ирвӕзындзинад уынӕм.

    Ныр кувӕм мах дӕумӕ:

    «Зӕххыл дӕр дӕ Паддзахад уӕд!»

  2. 2. Сайтан Хӕйрӕг мӕстӕй фыцы –

    Йӕ бонтӕ сты нымад.

    Кӕд абон у тынг зын, уӕддӕр

    Уынӕм нӕ фидӕн мах.

    Ысфидар Паддзахад ӕрвтыл,

    Йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл.

    БАЗАРД

    Ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ

    Нӕ ирвӕзындзинад уынӕм.

    Ныр кувӕм мах дӕумӕ:

    «Зӕххыл дӕр дӕ Паддзахад уӕд!»

  3. 3. Ӕрвтыл зӕдтӕ стыр цин кӕнынц,

    Сӕ зарӕг хъуысы дард.

    Ӕппӕрст ӕрцыд зӕхмӕ Сайтан,

    Сыгъдӕг у ныр уӕларв.

    Ысфидар Паддзахад ӕрвтыл,

    Йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл.

    БАЗАРД

    Ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ

    Нӕ ирвӕзындзинад уынӕм.

    Ныр кувӕм мах дӕумӕ:

    «Зӕххыл дӕр дӕ Паддзахад уӕд!»

(Ноджыдӕр кӕс Дан. 2:34, 35; 2 Кор. 4:18.)