Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 ЗАРӔГ

Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!

Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!

(Исай 2:2–4)

  1. 1. Мӕнӕ иу хох ысси

    Хӕхты цъуппытӕй уӕлдӕр –

    Фидар ӕвӕрд ӕрцыди

    Ныр Йегъовӕйы хох.

    Адӕм уырдӕм цӕуынц

    Зӕххы ’ппӕт кӕрӕттӕй дӕр,

    Кувынц Хуыцауӕн иумӕ,

    Уый сын у цины хос.

    ’Рцыд рӕстӕг! Ныр кӕсут –

    Равзӕрд армыдзаг адӕмӕй мин.

    Стыр Хуыцау се ’ххуыс у,

    Ӕмӕ ’рцарди сӕ зӕрдӕты цин.

    Минтӕ абон цӕуынц

    Стыр Хуыцау Йегъовӕмӕ.

    Раттынц ныхас, ӕмӕ

    Лӕууынц Хуыцаумӕ ӕнгом.

  2. 2. Радта Йесо фӕдзӕхст:

    «Дзурут алкӕм хорз хабар».

    Абон ӕгас зӕххыл дӕр

    Ацы куыст мах кӕнӕм.

    Йесо ныр Паддзах у,

    Хоны алкӕй: «Слӕуу мӕ фарс!»

    Хъусы сӕрныллӕг ныр

    Хуыцауы раст амындтӕм.

    Цин кӕнӕм абон мах,

    Бонӕй-бонмӕ кӕй кӕнӕм фылдӕр!

    О, цӕй кад нӕм ӕрхауд:

    Дзурӕм хорз хабар алкӕмӕн дӕр!

    Цӕй ’мӕ зарӕм хъӕрӕй,

    Немӕ хонӕм алкӕй дӕр:

    «Ссӕуӕм Хуыцауы хохмӕ,

    Уый ӕнустӕм лӕудзӕн».