28 ЗАРӔГ
Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм
-
1. О Хуыцау, чи у, зӕгъ,
Де ’ввахс хӕлар дӕуӕн?
Хорз дӕ кӕй зоны, ’ууӕнк ыл кӕй ис,
Уый кӕмӕй ис зӕгъӕн?
Библи чи ’мбары раст,
Чи дыл ӕууӕнды тынг,
Иузӕрдыг ’мӕ рӕстаг чи у, уый
Хоныс дӕ хӕлар ды.
-
2. О Хуыцау, чи у, зӕгъ,
Уазӕг дӕ цатыры?
Чи рухс кӕны дӕ зӕрдӕ дӕуӕн?
Номӕй кӕй зоныс ды?
Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ
Чи ’ххӕст кӕны ӕдзух,
Алкӕд рӕстдзинад чи дзуры, уый,
Зонӕм, дӕ хӕлар у.
-
3. Мах не ’ппӕт сагъӕстӕ
Дзурӕм дӕуӕн куывды,
’Ввахс дӕм кӕнӕм, ӕнкъарӕм дӕ уарзт,
Зонӕм, тыхсыс ныл ды.
Тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй
Алкӕд хӕлӕрттӕ уӕм.
Царды дӕуӕй хуыздӕр Хӕлар мах
Никуы ыссардзыстӕм.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 139:1; 1 Пет. 5:6, 7.)