28 ЗАР
Йегови ӕмбӕлттӕ уӕн
-
1. О ’Стур Хуцау, зӕгъай,
Ка ӕй ӕмбал дӕуӕн?
Уарзуй ӕма ӕууӕндуй дӕубӕл,
Уой кӕмӕй ес зӕгъӕн?
Ка ’нхӕст кӕнуй дӕ дзурд,
Ка дӕбӕл ӕууӕндуй,
Ка ӕй ӕновуд, раст ка ӕй, уой
Хондзӕнӕ де ’мбал ду.
-
2. Ке бон ӕй, о Хуцау,
Бахӕстӕг ун дӕумӕ?
Рохс кӕмӕй ӕй дӕ зӕрдӕ дӕуӕн?
Номӕй ке зондзӕнӕ?
Е ӕй, дӕ амундтӕй
Алкӕддӕр ка цӕруй.
Е еузӕрдон, кӕдзосзӕрдӕ ӕй,
Раст ци ӕй, уой кӕнуй.
-
3. Мах еугур сагъӕстӕ
Дзорӕн кувди дӕуӕн,
Уой фӕрци мах хӕстӕг ан дӕумӕ,
Зонӕн ӕй, уарзис нӕ.
Мах нӕ зӕрдӕ дӕубӕл
Алкӕддӕр дардзинан.
Царди дӕуӕй хуӕздӕр ӕмбал мах
Некӕд иссердзинан.
(Кӕсӕ ма Пс. 139:1; 1 Пет. 5:6, 7.)