Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

33 ЗАРӔГ

Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

(Псалом 55)

  1. 1. Фехъус мӕн, Хуыцау Йегъовӕ,

    Курын, раргом кӕн дӕхи.

    Бамбар мын мӕ тыхст, мӕ сагъӕс,

    Мӕтӕй ма хӕрон мӕхи.

    БАЗАРД

    Сӕвӕр ды дӕ уаргъ Хуыцауыл,

    Алкӕд йе ’ххуысыл дар дӕ зӕрдӕ.

    Зон, нӕ фӕсайдзӕн йӕ ныхас,

    Хъахъхъӕндзӕн дӕу алкӕддӕр.

  2. 2. Ехх, ӕмӕ бӕлон куы фестин!

    Атӕхин ӕз ме знӕгтӕй.

    Уӕд фыдадӕмӕй хызт уаин,

    Хъахъхъӕд уаин се ’фхӕрдӕй.

    БАЗАРД

    Сӕвӕр ды дӕ уаргъ Хуыцауыл,

    Алкӕд йе ’ххуысыл дар дӕ зӕрдӕ.

    Зон, нӕ фӕсайдзӕн йӕ ныхас,

    Хъахъхъӕндзӕн дӕу алкӕддӕр.

  3. 3. Ратты удӕнцой Йегъовӕ,

    Фарн ӕрцӕры зӕрдӕты.

    Уый фӕрцы нӕ уаргъ хӕсдзыстӕм.

    Махӕн уый стыр ныфс дӕтты.

    БАЗАРД

    Сӕвӕр ды дӕ уаргъ Хуыцауыл,

    Алкӕд йе ’ххуысыл дар дӕ зӕрдӕ.

    Зон, нӕ фӕсайдзӕн йӕ ныхас,

    Хъахъхъӕндзӕн дӕу алкӕддӕр.

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 22:5; 31:1–24.)