Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 ЗАРӔГ

Арфӕйы куывд

Арфӕйы куывд

(Псалом 95:2)

  1. 1. Кадджын Йегъовӕ, дӕуӕн кӕнӕм арфӕ.

    Фехъус нӕ, курӕм, дӕумӕ у нӕ куывд.

    Мах дыл нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дарӕм,

    Зонӕм ӕй, ды дӕ нӕ Дарӕг, нӕ Фыд.

    Стӕм мах ӕнӕххӕст – фӕрӕдийӕм арӕх.

    Кувӕм, ныббар нын, лӕгъстӕ дын кӕнӕм.

    Бузныг, кӕй бафыстай мах тыххӕй стыр аргъ.

    Бузныг, кӕй ’мбарыс, куыд лӕмӕгъ ыстӕм.

  2. 2. Арфӕ кӕнӕм мах дӕуӕн, о Йегъовӕ –

    Уарзыс нӕ тынг, ’мӕ дӕ хӕлӕрттӕ стӕм.

    Ахуыр нӕ кӕн, цӕмӕй демӕ ӕнгом уӕм,

    Бацамон, иузӕрдион дыл куыд уӕм.

    Бузныг дын, хай нын кӕй кӕныс дӕ тыхӕй

    Ӕмӕ ныфсджынӕй кӕй хъусын кӕнӕм.

    Цингӕнгӕ дарддӕр дӕу кадджын кӕндзыстӕм,

    Арфӕ кӕндзыстӕм ӕдзухдӕр дӕуӕн!

(Ноджыдӕр кӕс Пс. 65:2, 4, 11; Фил. 4:6.)