Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 ЗАРӔГ

Ныфссаст адӕймаджы куывд

Ныфссаст адӕймаджы куывд

(Псалом 4:1)

  1. 1. Хуыцау Йегъовӕ, курын дӕ, мӕ куывд мын фехъус ныр.

    Мӕ зӕрдӕ у хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ

    дудгӕ рыст кӕны.

    Ӕруӕз мыл кодтой тар хъуыдытӕ,

    асасти мӕ ныфс.

    Дӕ хорзӕхмӕ бӕллын, мӕ Хуыцау,

    курын дӕ ӕххуыс.

    БАЗАРД

    Лӕгъстӕ кӕнын, Хуыцау, дӕуӕн,

    Ма бауадз ныр фӕцудын мӕн.

    Дзыназын дӕм фыртыхстӕй ӕз.

    Ысног мын кӕн мӕ тых, мӕ ныфс.

  2. 2. Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд дӕ Ныхас ратты тых мӕнӕн,

    Ыссарын дзы ныхӕстӕ ме ’ппӕт

    сусӕг сагъӕстӕн.

    Мӕ удлӕууӕн ды дӕ ӕмӕ

    дӕ фӕрцы дӕн ныфсхаст.

    Ӕууӕндын ӕз: мӕ зӕрдӕйӕ

    ыстырдӕр у дӕ уарзт.

    БАЗАРД

    Лӕгъстӕ кӕнын, Хуыцау, дӕуӕн,

    Ма бауадз ныр фӕцудын мӕн.

    Дзыназын дӕм фыртыхстӕй ӕз.

    Ысног мын кӕн мӕ тых, мӕ ныфс.