Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 ЗАРӔГ

Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ

Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ

(Псалом 19:14)

  1. 1. Мӕ зӕрдӕйы ’ппӕт хъуыдытӕ

    Дӕуӕн, Хуыцау, ӕхсызгон уӕнт.

    Дӕ рухс фӕндагыл раст цӕуон,

    Уый у мӕнӕн мӕ фидар фӕнд.

    Куы фӕуон сагъӕсты бын ӕз,

    Ӕхсӕв ӕгъуыссӕг куы фӕуон,

    Дӕуыл хъуыды кӕндзынӕн уӕд,

    Дӕ фарн мын хъахъхъӕндзӕн мӕ зонд.

  2. 2. Цы у сыгъдӕг ӕмӕ ӕцӕг,

    Цы у ӕгъдауыл дзурӕг, хорз,–

    Хъуыды кӕндзынӕн ууыл ӕз.

    Уыдзӕн мын уый стыр цины хос.

    Хуыцау, ӕгӕрон у дӕ зонд!

    Дӕ хъуыдытӕ мын сты зынаргъ.

    Дӕ ныхӕстыл, дӕ хъуыддӕгтыл

    Хъуыды кӕндзынӕн алкӕд арф.