Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

47 ЗАРӔГ

Алкӕд Йегъовӕмӕ кув

Алкӕд Йегъовӕмӕ кув

(1 Фессалоникӕгтӕм 5:17)

  1. 1. Алкӕд нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ кув.

    Алы бон уымӕн дӕ сагъӕстӕ дзур.

    Уый у ӕнувыд, дӕ зӕрдӕ йыл дар.

    Зон, уый дӕуӕн у дӕ хуыздӕр хӕлар.

    Алкӕд Йегъовӕмӕ кув.

  2. 2. Царды тыххӕй йын ӕдзух бузныг дзур,

    Хатыр дзы алкӕд сӕрныллӕгӕй кур.

    Кӕд ’мӕ фӕрӕдыдтӕ – ’ргом ын ӕй зӕгъ,

    Не Скӕнӕг зоны, кӕй ыстӕм лӕмӕгъ.

    Алкӕд Йегъовӕмӕ кув.

  3. 3. Кув ӕм тыхст уавӕры, кур дзы ӕххуыс –

    Уый у нӕ Фыд, ууыл дарӕм нӕ ныфс.

    Бакӕн Хуыцауы дӕлбазыр дӕхи.

    Ма тӕрс – дӕтдзӕн дын уый фарн ӕмӕ цин.

    Алкӕд Йегъовӕмӕ кув.