Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

59 ЗАРӔГ

Йагъы кадджын кӕн!

Йагъы кадджын кӕн!

(Псалом 146:2)

  1. 1. Кад Йагъӕн кӕн!

    Мемӕ йын зар!

    Уый нын дӕтты улӕфт, рухс ӕмӕ цард.

    Сбӕрзонд кӕнӕм

    Уымӕн йӕ ном,

    Дзурӕм йӕ уарзтыл, йӕ тыхыл ӕргом,

    Уый тыххӕй хъусын кӕнӕм алы бон.

  2. 2. Кад Йагъӕн кӕн!

    Уый у рӕдау,

    Хъусы нӕ алкӕд, тыхсы ныл фыдау.

    Чи ’рлӕмӕгъ, уый

    Фидар кӕны,

    Сабыртӕн алкӕд йӕ тыхӕй дӕтты.

    Йе стыр ном кадджын кӕнын мах фӕнды.

  3. 3. Кад Йагъӕн кӕн!

    Уый у рӕстаг,

    Ратты нын удӕнцой, хъарутӕ фаг.

    Алцыдӕр тагъд

    Уый сраст кӕндзӕн.

    Адӕмӕн йе стыр хӕрзтӕй хай уыдзӕн.

    Цӕй уӕдӕ скад кӕнӕм не Скӕнӕгӕн!