64 ЗАРӔГ
Хуымгӕрдӕны зӕрдӕрайгӕйӕ кусӕм
-
1. Цӕрӕм ныр хуымгӕрдӕны афон,
Уый махӕн у стыр кад ӕцӕг!
Ныр хуымтӕ кӕрдынмӕ цӕттӕ сты,
Зынгзӕрдӕйӕ ’фснайӕм тыллӕг.
Чырысти у махӕн фӕзминаг,
’Мӕ алкӕд йӕ коммӕ кӕсӕм.
Нӕ кадджын куыст махӕн у цины хос,
Ӕрвылбон дӕр хуымтӕ кӕрдӕм.
-
2. Хуыцау ӕмӕ адӕмы уарзӕм,
Ӕмӕ дзурӕм хорз хабар мах.
Ӕвӕллайгӕ хъусын кӕндзыстӕм –
Кӕрон ныр ӕрцӕудзӕни тагъд.
Йегъовӕ нын хай кӕны цинӕй,
’Мӕ алкӕддӕр хъӕлдзӕг ыстӕм.
Нӕ зӕрдӕ йыл дарӕм, ӕмӕ нӕ куыст
Кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм!
(Ноджыдӕр кӕс Матф. 24:13; 1 Кор. 3:9; 2 Тим. 4:2.)