Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

70 ЗАРӔГ

Аккаг адӕймӕгты агурут

Аккаг адӕймӕгты агурут

(Матфейы 10:11–15)

  1. 1. Чырысти нын амыдта хъусын кӕнын,

    Дзырдта нын, куыд кӕнын хъӕуы:

    «Ыссарут-иу, чи хъуса, аккаг чи уа

    ’Мӕ рӕстдзинадмӕ чи тырна, уый.

    Зӕгъут-иу фыццаг: „Фарн уӕ хӕдзары уӕд“.

    Ӕмӕ, чи зоны, ’цӕг ссарой фарн.

    Куы нӕ хъусой, ’рцӕгъдут уӕ къӕхты рыг уӕд,

    ’Мӕ ныууадзут уӕд уыцы хӕдзар».

  2. 2. Зӕрдӕйӕ чи суазӕг кӕны ныр сымах,

    Уый Йесойы суазӕг кӕны.

    Ӕнустӕм дзӕнӕты кӕй фӕнда цӕрын,

    Уый Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ныр.

    Цы зӕгъдзыстут, ууыл мӕт макуы кӕнут –

    Зонд уын ратдзӕн Йегъовӕ уӕ фаг.

    Уӕ дзыхыныхас уӕд фӕлмӕн ’мӕ уӕздан,

    Ӕмӕ зӕрдӕмӕ ссарат фӕндаг.

(Ноджыдӕр кӕс Хъуыд. 13:48; 16:14; Кол. 4:6.)