Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

71 ЗАРӔГ

Мах стӕм Йегъовӕйы ӕфсад!

Мах стӕм Йегъовӕйы ӕфсад!

(Ефесӕгтӕм 6:11–14)

  1. 1. Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,

    Стӕм йӕ Фырты бар.

    Размӕ цӕуӕм ӕрмӕстдӕр,

    Хъуысӕд хорз хабар дард!

    Хӕйрӕг немӕ тох кӕны,

    Знӕгтӕ йын ыстӕм.

    Мах уӕддӕр нӕ тӕрсӕм

    ’Мӕ лӕггад кӕнӕм.

    БАЗАРД

    Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,

    Немӕ ис йӕ Фырт.

    «Паддзах сси Чырысти!» 

    Дзурӕм алкӕм уый.

  2. 2. Мах стӕм Хуыцауы адӕм,

    Ис нын кадджын куыст:

    Абон зӕрдӕсаст чи у,–

    Раттӕм уыдонӕн ныфс.

    Адӕмыл ӕцӕг тыхсӕм,

    Ногӕй сӕм цӕуӕм.

    Алкӕй дӕр зӕрдӕйӕ

    Хонӕм не ’мбырдтӕм.

    БАЗАРД

    Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,

    Немӕ ис йӕ Фырт.

    «Паддзах сси Чырысти!» 

    Дзурӕм алкӕм уый.

  3. 3. Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,

    Тохмӕ стӕм цӕттӕ,

    Йесо цӕуы нӕ разӕй,

    Фидар стӕм не ’ппӕт дӕр.

    Хъуамӕ алкӕд уӕм къӕрцхъус,

    Хъуамӕ ’наипп уӕм,

    Раст фӕндагыл размӕ

    Фидарӕй цӕуӕм.

    БАЗАРД

    Мах стӕм Хуыцауӕн йе ’фсад,

    Немӕ ис йӕ Фырт.

    «Паддзах сси Чырысти!» 

    Дзурӕм алкӕм уый.

(Ноджыдӕр кӕс Фил. 1:7; Филим. 2.)