Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

72 ЗАРӔГ

Хъусын кӕнӕм Хуыцауы хорз хабар

Хъусын кӕнӕм Хуыцауы хорз хабар

(Хъуыддӕгтӕ 20:20, 21)

  1. 1. Уыди рӕстӕг, нӕ зыдтам мах,

    Цы у ӕцӕг чырыстон цард.

    Фехъуыстам рӕстдзинад стӕй –

    Хуыцауы хорз хабар ӕрвтӕй.

    Нӕ сӕйраг хӕс мах федтам уӕд:

    Ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕнд.

    Адӕмӕн кӕнӕм ӕргом

    Хуыцау Йегъовӕйы стыр кад, стыр ном.

    Ныхас кӕнӕм мах алкӕмдӕр –

    Хӕдзӕртты дӕр ’мӕ уынджы дӕр.

    Хуыцауы рухс ӕргом кӕнӕм,

    Ӕнусон царды ныфс хӕссӕм.

    Тырнӕм, цӕмӕй ӕгас зӕххыл

    Нӕ бон уа хорз хабар хӕссын.

    Иумӕ, цӕй, лӕггад кӕнӕм,

    Йегъовӕ нын кӕдмӕ зӕгъа, уӕдмӕ.