Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

74 ЗАРӔГ

Паддзахады зарӕг иумӕ бӕрзонд сисут!

Паддзахады зарӕг иумӕ бӕрзонд сисут!

(Псалом 98:1)

  1. 1. Ныззарӕм, цӕй, уӕлахизы ног зарӕг!

    Бӕрзонд кӕны уый Стыр Хуыцауы кад,

    Нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы махӕн абон.

    Цӕй ӕмӕ махимӕ ды дӕр ныззар:

    БАЗАРД

    «Йегъовӕйӕн табу кӕнут,

    Йӕ иунӕг Фырт ныр Паддзах у!

    Ног зарӕг сахуыр кӕнут, цӕй, сымах дӕр,

    Хуыцауы кадджын ном бӕрзонд кӕнут!»

  2. 2. Мах ацы зарӕгӕй хорз хабар тауӕм:

    Чырысти Паддзах у, зӕхх у йӕ бар.

    Фӕзынд Хуыцауы ’взӕрст мыггаг – ног адӕм,

    Ӕмӕ сӕ кады зарӕг хъуысы дард:

    БАЗАРД

    «Йегъовӕйӕн табу кӕнут,

    Йӕ иунӕг Фырт ныр Паддзах у!

    Ног зарӕг сахуыр кӕнут, цӕй, сымах дӕр,

    Хуыцауы кадджын ном бӕрзонд кӕнут!»

  3. 3. Сӕрныллӕг сахуыр кӕндзӕн ацы зарӕг –

    Хуымӕтӕг у, рӕсугъд ӕмӕ бӕлвырд.

    Ӕгас зӕххыл ӕй сахуыр кодтой минтӕ,

    ’Мӕ уымӕ хонынц иннӕты дӕр ныр:

    БАЗАРД

    «Йегъовӕйӕн табу кӕнут,

    Йӕ иунӕг Фырт ныр Паддзах у!

    Ног зарӕг сахуыр кӕнут, цӕй, сымах дӕр,

    Хуыцауы кадджын ном бӕрзонд кӕнут!»