Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

77 ЗАР

Талингӕ дуйней рохс ӕрттевуй

Талингӕ дуйней рохс ӕрттевуй

(2 Коринфӕгтӕмӕ 4:6)

  1. 1. Мах рӕстӕг дуйне талинги ’й,

    Фал уинӕн хори рохс.

    Ракастӕй арви кӕрӕнттӕй,

    Ралӕудзӕй нӕуӕг бон!

    БАЗАРД

    Талинги ӕрттевуй,

    Мах ке хӕссӕн, еци рохс –

    Нӕ рӕсугъд цардмӕ над.

    Тар ӕхсӕвӕ ’суодзӕй

    Рохс ӕма цийнӕйдзаг бон,

    Амондгун цард!

  2. 2. Ка ’й фунӕй, уой игъал кӕнӕн,

    Неке хездзӕй рӕстӕг.

    Нифс хӕссӕн алли адӕнтӕн,

    Ковӕн уони туххӕй.

    БАЗАРД

    Талинги ӕрттевуй,

    Мах ке хӕссӕн, еци рохс –

    Нӕ рӕсугъд цардмӕ над.

    Тар ӕхсӕвӕ ’суодзӕй

    Рохс ӕма цийнӕйдзаг бон,

    Амондгун цард!