Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

78 ЗАРӔГ

«Хуыцауы ныхас амонӕм»

«Хуыцауы ныхас амонӕм»

(Хъуыддӕгтӕ 18:11)

  1. 1. Сыгъдӕг Фыстад кӕй амонӕм,

    Уый махӕн цин хӕссы.

    Йегъовӕ нын ыстыр хӕрзтӕй

    Ӕдзухдӕр хай кӕны.

    Мах ахуыр кӕнӕм адӕмы,

    Чырыстийы фӕзмӕм,

    ’Мӕ алкӕй дӕр фӕлмӕнзӕрдӕйӕ

    Йегъовӕмӕ кӕнӕм.

  2. 2. Тырнӕм, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгтӕ

    Фӕзминаг алкӕд уой,

    Хуыцауы рухс кӕй хӕссӕм мах,

    Уый иннӕтӕ уыной.

    Мах иртасӕм Сыгъдӕг Фыстад,

    Лӕмбынӕг ӕй кӕсӕм,–

    Нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр

    Уӕд бафидар кӕнӕм.

  3. 3. Йегъовӕ нын дӕтты ӕппӕт,

    Цӕмӕй нӕ куыст кӕнӕм.

    Нӕ куывд нын алкӕд фехъусы,–

    Уый мах бӕлвырд уынӕм.

    Ӕмбарын кӕнӕм адӕмӕн

    Йегъовӕйы Ныхас.

    Кӕд сын ӕххуыс кӕнӕм, уӕд немӕ

    Лӕггад кӕндзысты тагъд.